РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис видеобастдзинады руаджы бацархайдта Цæгат Кавказы федералон зылды Æххæстбарджыны цур Туризмы рæзты координацион советы æмбырды. Амыдта йæ Æххæстбарджыны хæдивæг Владимир Надыкто.
Цæгат Ирыстонæй ма æмбырды архайдтой экономикон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Олег Быкадоров, министры хæдивæг Хлойты Тамерлан. Рæгъмæ рахастой, инвалид æмæ æнæниздзинады цыбыргонд авналæнтимæ туристтæн туристон индустрийы объекттæм бацæуыны фадæттæ саразын æмæ туристон национ маршруттыл цæуыны гæнæнтæ. Уымæй уæлдай, автомобилон туризмы рæзты программæ сфидар кæныныл дæр дзырдтой.
Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстон бабæрæг кæныны фæнд кæмæ фæзынд, уыдоны нымæц рæзы, фарон уыдысты 1,7 милуан адæймаджы. «Сæ фылдæр хай вæййынц хи транспортыл, уыцы къабазы рæзтмæ стыр æргом здахæм. Фарон 2035 азмæ сбæрæг кодтам, автомобилон туризмы концепци, ис нæм проекты фæндаггон картæ дæр. Уæрæсейы Президент Владимир Путин куыд бафæдзæхста, афтæмæй скодтам регионалон программæ дæр. Уый руаджы автотуризмы рæзтыл бацархайдзыстæм», — фæбæрæг кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар.
Дзанайы-фырт ма æрдзырдта Цæгат Ирыстоны æвæджиауы уæлæмхасæн авналæнты тыххæй, ома, нæ географион бынат, маршрутты бæрц. Регион ис, Цæгат Кавказы магистралон тыргътæ кæрæдзиуыл кæм æмбæлынц, уым. Туристтæн сæ бон у цалдæр сахатмæ æппæт маршруттæ Дыгургомы, Цъæйы, Куырттаты комы бабæрæг кæнын. Дзанайы-фырт ма фæбæрæг кодта туристон индустрийы размæцыд. Иумæйаг хыгъды сты, туристтæн сæ бон æрлæууын кæм у, ахæм 120 объекты 2700 бынатимæ.
Ныхас ма рауад æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Уæлдай æргом аздæхтой æнæниздзинады цыбыргонд авналæнтимæ туристтæн æмбæлгæ уавæртæ æмæ фадæттæ саразынмæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














