РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй цы æмбырд арæзт æрцыд, уым ныхас цыди Цæгат Ирыстоны кæсагдарæн хæдзарæдты куыстыл. Архайдтой дзы, ацы бизнесы рæзтыл чи кусы, уыцы амалхъомтæ.
Сергей Меняйло фæбæрæг кодта, фæстаг азты кæсагдарæн къабаз активонæй кæй рæзы. Товарон кæсаджы бæрц къорд хатты фæфылдæр – кæд 2017 азы 340 тоннæйы йеддæмæ нæ уыд, уæд ивгъуыд азы уыцы бæрæггæнæн схæццæ 10,3 мин тоннæмæ. Ахæм рæзт та домы кæсагдарæн хæдзарæдты куыстимæ баст фарстатæм системон ахаст. Æмбырды лæмбынæг æркастысты донæй пайда кæныны уавæрмæ, къабазы инфраструктурæйы нырыккон уагыл рацаразын æмæ бизнес аууоны секторæй ракæныны фарстатæм.
Уæрæсейы федералон хъалонты службæйы цæгатирыстойнаг Управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ацы къабазы 296 регистрацигонд хъалонфидджытæй 177 куыстуаты сæ финансон-хæдзарадон архайд не ‘вдисынц. Сергей Меняйло бахахх кодта, ахæм бæрæггæнæнтæ дзурæг сты, хæдзарæдтæ нæ кусынц, ууыл нæ, фæлæ сусæгæй кæй кусынц, ууыл.
2025 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны кæсагдарæн хæдзарæдты архайдæй Уæрæсейы Федерацийы бюджетмæ æрбацæуæг хъалонты иумæйаг бæрц уыдис 157 милуан сомæй гыццыл фылдæр, уыдонæй республикæйы бюджетмæ æрбацыд 113,5 милуан сомы. 2026 азы 1-æм июнмæ уыцы бæрæггæнæнтæ сты 88,5 милуаны – Уæрæсейы Федерацийы бюджетмæ, 65 милуан сомы та – республикæйы бюджетмæ. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй уыцы фæрæзтæ æмæ кæсаджы бизнес цы æфтиæгтæ исы йæ уæйгонд продукцийæ, уыдонæн абарæн нæй, хæрз гыццыл сты. Уымæ гæсгæ регионы разамонæг амалхъомтæн бахæс кодта сæ архайд закъоны бындурыл аразын – куысты бынæттæ дæттын официалон æгъдауæй, хъалонисæг оргæнтæм сæ æфтиæгты тыххæй афойнадыл бæрæггæнæнтæ дæттын. Уый, æнæмæнгхъæугæ хъуыддаг у республикæйы экономикæйы дарддæры рæзт æмæ социалон къабазы æнæлыггонд фарстатæ иуварс кæнынæн.
– Абон мах архайæм экономикæ аууонæй ракæныныл. Барадхъахъхъæнæг æмæ цæстдарæн оргæнтæ дарддæр хъæу-гæ мадзæлттæ аразынц æнæзакъонæй кусæг амалхъомты сбæрæг кæнынæн. Фæстаг фондз азы кæсагдарæн хæдзарæдты нымæц сырæзыд, æмæ сæ иу хай кусы сусæгæй. Мах нæ размæ сæ бизнес ныхгæныны хæс не ‘вæрæм, фæлæ алцы дæр хъæуы закъоны бындурыл саразын, хъалон фидыны хъуыддаг нормативон домæнтæн дзуапп хъуамæ дæтта, бæрæг уа зæххы кадастрон аргъ, – бахатыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмбырды архайджытæм.
Сергей Меняйло фæбæрæг кодта, къабазы дарддæры рæзт æппæт амалхъомтæй дæр кæй домы иумæйаг архайд ацы сектор аууонæй ракæнын æмæ инфраструктурон цæлхдуртæ аиуварс кæныны тыххæй. Хæстæгдæр рæстæг хъалонисæн оргæнтæ сбæлвырд кæндзысты, кæсагдарæн хæдзарæдтæй сæм цы бæрæггæнæнтæ æрбацæуы, уыдон, абардзысты сæ финансон-хæдзарадон архайдимæ, стæй та сараздзысты æмбырд барадхъахъхъæнæг оргæнты минæвæрттимæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














