Кувӕндон цӕлгӕнӕн нӕу

0
163

2024 азы 4 августы хуыцаубоны уыдис Беслӕны Уастырджийы бӕрӕгбон, табу йӕхицӕн. Сидынц газет «Рахизфарсы цард»-ы 3 августы, курынц, домынц куывддзаутӕй: «Ирон бӕгӕныйӕ фӕстӕмӕ, карз нозт мачи ӕрбахӕссӕд. Нӕхи бахъахъхъӕнӕм ӕнӕгъдау митӕй ӕмӕ ӕнӕуаг ныхӕстӕй». Тынг раст! Ацы ныхӕсты фӕстӕ сын зӕгъын стыр бузныг. Дыккагӕй. Ма, дам, хӕссут кувӕндонмӕ ӕлхӕнгӕ уӕливыхтӕ, уыдон, дам, бӕрӕгбоны номыл конд не сты, фӕлӕ ӕхцайӕ ӕлхӕд сты. ӕртыккаг. Уӕ ӕфсӕйнаг ӕхцатӕ — мысайнӕгтӕ кӕнут донӕй хӕрзӕхсад.

Ныр ӕркӕсӕм лыстӕг ацы ныхӕстӕм, мӕнӕ дӕлдӕр кӕй фыссын, уыдон кӕд искӕмӕ раст нӕ кӕсынц, уӕд йӕ хъуыды зӕгъӕд газеты фарсыл бындуронӕй, кӕм рӕдийын, уый. Зӕгъӕм, хӕдзары дӕ къӕбӕргӕнӕг рынчынӕй хуыссы, йӕ бон нӕу сыстын, ӕртӕ чъири чи скӕна, уый нӕй, уӕд куыд? Кӕмӕ бадзура, йӕ сыхагмӕ, йӕ зонгӕмӕ, кӕйдӕр бинойнагмӕ? О, дӕ къӕбӕргӕнӕг — дӕ хӕдзары. Ссад балхӕн хыссӕйӕн, цыхт, иннӕ ахӕм — ӕртӕ фӕрсчы, цӕмӕй сӕ байсӕрдай, уый балхӕн. Цӕмӕ сӕ ӕлхӕныс? Кӕм ис дӕ хъуг, дӕ цыхт, дӕ гал? Кӕм сты фадӕттӕ?

Дарддӕр. Иу адӕймаг иннӕйы амардта, йе ‘хцатӕ йын систа. Равдисынмӕ дӕр чи нӕ бӕззы, уыцы ӕфсӕйнаг ӕхцатӕ цӕхсадта мысайнагӕн. Уыдон цасфӕнды куы фехсай, уӕддӕр никуы ссыгъдӕг уыдзысты.

Цӕмӕй дӕ мысайнаг сыгъдӕг уа, уый тыххӕй уал ӕппӕты фыццаг дӕхи уд ссыгъдӕг кӕн нӕ раттӕг, не скӕнӕг Хуыцау ӕмӕ йе сконд зӕдты цур, ӕмӕ уӕд дӕ уды сыгъдӕгӕй дӕ мысайнаг дӕр уыдзӕн сыгъдӕг, ӕхсын та йӕ нӕ хъӕуы. Дӕ куывд та хъуысдзӕн

Хуыцау ӕмӕ зӕдтӕм, табу сӕхицӕн!

О, кувӕндон хӕрӕндон нӕу, кувӕндон бахӕрд, бануазыныл нӕу, фӕлӕ бакув, бафӕдзӕхс дӕ кӕстӕрты, бинонты, рынчынты, бӕлццӕтты ӕмӕ дӕ фӕдонты. Стыр хатыр ракур, дӕ зонгуытыл лӕугӕйӕ. Кувӕндоны бӕласы бын, кӕм фӕкувы кувӕг хистӕр лӕг, уыцы ран ӕргом ныхасӕй ард бахӕр. ӕргом зӕгъ ӕмӕ кувӕггаг бӕгӕныйӕ ацаход.

Цӕмӕн кӕнӕм тъыссӕнтӕ, ӕвӕрӕнтӕ, ӕхцайы чырӕтӕ, сыгъзӕринтӕ, цы дзы фендзынӕ, цы дзы бахӕрдзынӕ? Фӕлтау дзы иу мӕгуыр адӕймагӕн баххуыс кӕн, йӕ цард ын фӕрогдӕр кӕн, йӕ зӕрдӕ йын барухс кӕн.

Фыдӕй-фыртмӕ Ирыстон куывта сыгъдӕг зӕрдӕйӕ Дунескӕнӕг Стыр Иунӕг Хуыцаумӕ, йе сконд зӕдтӕм, дуӕгтӕм. Ахӕм хъӕу нӕ уыдис Ирыстоны, ӕмӕ къусбар куывд ма скӕной Елиа-Уациллайы номӕн. Ныр та йӕ чидӕртӕ зонгӕ дӕр нал кӕнынц. Елиа-Уацилла у иу зӕд. Дыгургомы — Елиа, Ирыстоны — Уацилла. Елиа-Уацилла, табу йӕхицӕн, зӕххы донӕй чи ӕфсады, нӕ хортӕ, нӕ халсарты, ӕнӕкӕрон цъӕх-цъӕхид фосхизӕн сӕрвӕтты.

Ӕмбӕхсинаг нӕу, абон кӕй нал кувӕм, кӕй нал табу кӕнӕм, сыгъдӕг ирон задӕй конд ирон бӕгӕныйӕ, сыгъдӕг зӕрдӕйӕ. Йӕ боны та чидӕртӕ ӕрбацӕуынц бахӕрон, бануазон, мӕхи бафсадыны охыл.

Мӕнӕ уӕхӕдӕг уынут, цы рӕстӕг скодта, уый. Дуне — змӕст, быдыртӕ басыгъдысты, бӕлӕстӕ хус кӕнынц. ӕрдз сӕфы. ӕз зонын, ныртӕккӕ цы рӕстӕг у, уый. Фӕлӕ Хуыцауӕй хистӕр ничи у.  Ирыстоны райдайын хъӕуы Елиа-Уациллайы номӕн куывдтӕ кӕнын. ӕмӕ йӕ фендзыстут уӕхи цӕстӕй, рӕстӕг куыд ивдзӕн, уый. (къусбар куывд!)

МӔРЗАТЫ Таймураз,

Беслӕны кадджын гражданин

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here