Уынаффӕтӕ рахастой

0
170

Сӕрдариуӕг дзы кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар ДЗАНАЙТЫ Барис, афтӕмӕй знон ацыд министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты радон ӕмбырд. Хицауады уӕнгтӕ рӕгъмӕ рахастой ӕмӕ схъӕлӕс кодтой республикӕйӕн ахсджиаг социалон-экономикон фарстатыл.

Бархионты адӕмон дружинӕты республикон штабы ӕмгуыстад РЦИ-Аланийы Хицауады паддзахадон оргӕнтимӕ, бынӕттон хиуынаффӕйад ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтимӕ ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕныны фарстаты, стӕй штабы уӕнгты номхыгъд бацӕттӕ кӕныныл ныхас кодта Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Томайты Ирбег.

Нӕ республикӕйы паддзахадон исбонад муниципалон исбонадмӕ раивыныл уыд йӕ раныхас министр Тедеты Русланӕн. Зӕгъӕм, Терчы доны сӕрты Кольбусы уынджы ног арӕзт хид нырӕй фӕстӕмӕ ис Дзӕуджыхъӕуы администрацийы бӕрны. РЦИ-Аланийы паддзахадон исбонадыл банымадтой Алайнаг гимназы бӕстыхай дӕр.

Фидаргонд ӕрцыдис ведомствӕты ‘хсӕн къамис, уый ӕркӕсдзӕн, «Фӕллойы ветераны» ном райсынмӕ сӕ курдиӕттӕ чи балӕвӕрдта, уыдоны номхыгъдмӕ. Ацы фарстайыл дзырдта РЦИ-Аланийы фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр Айдарты Алинӕ.

Федералон ӕмӕ регионалон нысаниуӕг кӕмӕн ис, Алагиры районы Зджыды хъӕуы культурон бынты  объекттӕ бахъахъхъӕнын, сӕ алыварс ӕнӕзакъон арӕзтад ма ‘руадзын — ацы ӕмӕ ӕндӕр фарстатӕ дӕр рахастой ӕмбырды архайджыты размӕ.

Ивддзинӕдтӕ хаст ӕрцыд «РЦИ-Аланийы дзыллон коммуникацитӕ, мыхуыры фӕрӕзтӕ ӕмӕ чингуытӕ уадзын»-ы паддзахадон программӕмӕ дӕр.

РЦИ-Аланийы Фӕндӕгты хӕдзарад ӕмӕ транспортон инфраструктурӕйы комитеты сӕрдар Солиты Тариэль фехъусын кодта, рог такситы регионалон реестры амоныны фӕткмӕ цы ивддзинӕдтӕ хаст ӕрцыд, шофыртӕ бӕлццӕтты цардыл дзуапдӕттӕг кӕй сты, уыцы ӕмӕ ӕндӕр фарстатӕ.

РЦИ-Аланийы Архивон службӕйы разамонӕг Хайманты Барис йӕ раныхас бабаста архивон документтӕ, хуызистытӕ бахъахъхъӕнынӕн ӕмӕ сӕ фидӕны фӕлтӕртӕн бафснайыны хъуыддагимӕ. «Республикон бюджетон куыстуат «РЦИ-Аланийы центрон паддзахадон архив» саразыны тыххӕй Хицауады уынаффӕмӕ ивддзинӕдтӕ бахастой.

Ӕмбырды архайджытӕ хатдзӕгтӕ скодтой 2023-2024 азты скъолатӕ ӕмӕ профессионалон ахуырадон организациты ахуырдзауты, иннӕ граждӕнты ӕфсӕддон службӕйы бындуры ахуыртӕй ӕмӕ 2025-ӕм ахуыры азы куысты пълантыл ӕрдзырдтой.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Платы Альбинӕйы хъусынгӕнинаг ӕхсызгон уыдзӕн, республикӕйы хардзӕй ӕндӕр регионты чи ахуыр кӕны, уыдонӕн. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, 2025 азы сӕ стипендиты бӕрц уыдзӕнис 2,5 мин сомы мӕймӕ. Уый у ацы азы стипендийӕ 400 сомы фылдӕр. Уыимӕ, уӕлӕмхасӕн ахуырадон лӕггӕдтӕн афӕдз иу хатт исдзысты фондз мин сомы.

Ӕмбырды архайджытӕ ма ӕрныхас кодтой ӕндӕр ахсджиаг фарстатыл.

ЦӔГӔРАТЫ Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here