Президент фембӕлд Беслӕны мадӕлтимӕ

0
191

Уӕрӕсейы Президент Владимир ПУТИН, Цӕгат Ирыстоны хъуыддаджы балцы уӕвгӕйӕ, фембӕлд террористон акты амӕттӕгты ассоциаци «Беслӕны мадӕлтӕ»-йы комитеты минӕвӕрттимӕ.

Ныхасы архайдтой Уӕрӕсейы Президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка ӕмӕ РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Президент куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй фӕсарӕнтӕй ацы ӕвирхъау цау сраст кӕныныл  архайдтой, уымӕй дарддӕр террористтӕн алывӕрсыг ӕххуыс кодтой. Ома, политикон, хӕрзӕгъдаудзинадон, информацион, финансон ӕмӕ хӕстон.

«Ӕз хӕрзӕгъдаудзинады кой куы ракӕнын, уӕд уыцы адӕммӕ уый ӕппындӕр нӕй, уыдӕттӕ мах ныр дӕр уынӕм. Царды фӕзилӕнты уыдӕттӕ бӕрӕг сты. ӕрмӕстдӕр сӕ ӕндавынц сӕ интерестӕ, мах уыдӕттӕ зонӕм дӕсгай, сӕдӕгай азты, фӕлӕ сыл нӕ бон сахуыр уӕвын нӕу», — загъта Владимир Путин.

Паддзахады разамонӕджы хатдзӕгмӕ гӕсгӕ, Беслӕны трагикон цау нӕ байгас уӕвгӕйӕ, баззайдзӕн Уӕрӕсейы историон зӕрдыл дарды. «Чи дзы фесӕфт, уыдоны бинонтӕн, сӕ хиуӕттӕ кӕмӕн фӕмард сты, уыдонӕн уыдзӕн, туг ӕппынӕдзух кӕцӕй кӕлы, ахӕм хъӕдгом. Ногӕй мӕ фӕнды сымахӕн тӕфӕрфӕс ракӕнын, ацы бонты ӕрымысӕм сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды хӕстонты дӕр. Уыдон сӕхицӕй бахгӕдтой сывӕллӕтты, фӕмард сты», — фӕбӕрӕг кодта Уӕрӕсейы Президент.

Раздӕры азты Уӕрӕсейы разамынд Беслӕнӕн ӕххуыс кодта, цӕрджытӕн ӕххуысы программӕ бацӕттӕ кодта, дарддӕр дӕр уыцы куыст цӕудзӕн. Президент баххах кодта уыцы хъуыды.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here