Раздӕр куыд фехъусын кодтам, афтӕмӕй Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Владимир ПУТИН Цӕгат Кавказы федералон зылды йӕ кусӕг балцы рӕстӕг уыдис Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ фембӕлд регионы Сӕргълӕууӕг Сергей МЕНЯЙЛОИМӔ. Республикӕйы разамонӕг Уӕрӕсейы Президентӕн лӕмбынӕг ӕрдзырдта Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон рӕзты тыххӕй.
Фембӕлды рӕстӕг Владимир Путин Сергей Меняйлойӕн бафӕдзӕхста Беслӕны террористон фыдбӕллӕхы уголовон хъуыддаджы фӕдӕвзарӕнмӕ иудадзыг йӕ цӕст дарын.
— Ӕмӕ уголовон хъуыддаг куыд ӕвзӕрст цӕуы, уый, ӕнӕмӕнг, сбӕлвырд кӕнут. Абон мемӕ ӕмныхасгӕнджытӕ цы дзырдтой, уымӕ дӕр уӕ хъус ӕрдарут, цӕмӕй ӕз прокуратурӕ ӕмӕ Слестгӕнӕн комитетӕн хъӕугӕ амындтытӕ раттон, — бахӕс кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Президент.
Ахӕм фӕдзӕхст Владимир Путин скодта, Террористон фыдбӕллӕхты амӕттӕгты ассоциаци «Беслӕны мадӕлтӕ»-йы минӕвӕрттимӕ фембӕлды фӕстӕ.
Паддзахады Сӕргълӕууӕг ма бафарста, Цӕгат Ирыстоны рӕвдауӕндӕтты бындурон рацарӕзты программӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуы, уымӕй.
— Программӕ ӕххӕст кӕнӕм. Раздӕр ма дын ӕй фехъусын кодтон, скъолатӕ бындуронӕй сцалцӕг кӕнынӕн фылдӕр фӕрӕзтӕ дихгонд кӕмӕн ӕрцыд, Уӕрӕсейы регионты ‘хсӕн уыцы хыгъды мах стӕм фӕндзӕм бынаты. Ныртӕккӕ курдиӕттӕ цӕттӕ кӕнӕм, цалцӕг хъуаг чи у, уыцы рӕвдауӕндӕтты тыххӕй. Ныридӕгӕн уал балӕвӕрдтам 51 рӕвдауӕндоны цалцӕджы тыххӕй курдиӕттӕ. Не ‘ппӕт курдиӕттӕ дӕр ист ӕрцыдысты, Уӕрӕсейы Рухсады министрад ӕмӕ федералон ӕххӕстгӕнӕг иннӕ оргӕнтимӕ дӕр кӕрӕдзи ӕмбарӕм, не ‘хсӕн ис ӕмгуыстад. Ныртӕккӕ нӕ курдиӕттӕм иумӕйагӕй каст цӕуы, — бахахх кодта Сергей Меняйло.














