Ӕрдзыхъӕды ивддзинӕдтӕ

0
214

Фӕстаг рӕстӕг ӕрдзыхъӕд кӕй ивы, уый аххосӕй дунейы алыхуызон регионты рауайынц донивылдтытӕ, хусрӕстӕг ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕртӕ.

Ацы ӕууӕл нымайгӕйӕ, ӕххӕстгонд цӕуынц ӕрдзыхъӕды ивддзинӕдтӕ рагацау рахатынӕн ахъазгӕнӕг иртасӕн куыстытӕ (амынд ивддзинӕдтӕ ӕдӕмӕн цӕмӕй къаддӕр знаггад хӕссой, афтӕ). XXI ӕнусы цӕуӕг ӕрдзыхъӕды ивддзинӕдтӕ фӕбӕрӕг вӕййынц дунейы адӕмы царды экологон, экономикон ӕмӕ социалон къабӕзтыл. Фӕстаг дӕсгай азты дӕргъы дунейы ӕрдзыхъӕд хъармӕй-хъармдӕр кӕй кӕны, уый дзыллӕты сагъӕсы ӕфтауы.

Адӕймаджы хӕдзарадон архайд (фыццаджыдӕр — донытӕфон газты ракалд) ӕрдзыхъӕдыл фылдӕрӕй фылдӕр кӕй ахады, нырыккон наукон иртӕстытӕ уый бавдыстой. Парижы ацӕуӕг наукон конференцийы архайджытӕ сбӕлвырд кодтой ӕрдзыхъӕды ивддзинӕдтимӕ баст, ӕрбаввахсуӕвӕг къуырцдзӕвӕны фӕзындтӕ фӕфӕлмӕн кӕнынӕн ахъазгӕнӕг мадзӕлттӕ. Планетӕйы рӕстӕмбис температурӕ Цельсийы дыууӕ градусӕй фылдӕр цӕмӕй ма кӕна, уый бахъахъхъӕныны фӕдыл дунеон бадзырды къухтӕ кӕй ӕрӕвӕрдӕуыд, уый нымад у конференцийы сӕйраг хатдзӕгыл. Дыууӕ къуырийы дӕргъы ацӕуӕг конференцийы архайджытӕ глобалон фӕхъармуӕвынады ныхмӕ тохы фӕдыл иумӕйаг бадзырд сфидар кодтой.

Уымӕй раздӕр — 2014 азы 31 декабры ӕрдзы-хъӕды ивддзинӕдты фӕдыл хицауадты экспертты иумӕйаг къорд кӕй бацӕттӕ кодта, уыцы доклады фыст уыд мӕнӕ ахӕм хабар: «ӕппӕт дуне кӕй фӕхъарм, уый нымайгӕйӕ, континенттӕ ӕмӕ фурдты тыгъдадты ныридӕгӕн ӕрдзыхъӕды ивддзинады ахадындзинад бӕрӕг дары. Дуне ӕрдзыхъӕды ивддзинӕдтимӕ баст тӕссагдзинӕдтӕм фаг цӕттӕ нӕу. Ныридӕгӕн кӕй рахатыдӕуыд, ӕрдзыхъӕды ивд-дзинӕдты уыцы фӕстиуджытӕ фӕбӕрӕг сты сур зӕхх ӕмӕ фурдты экосистемӕтыл, адӕмы цӕрынадӕн фӕрӕзты иуӕй-иу гуырӕнтӕ ӕмӕ адӕмы ӕнӕниздзинадыл, ӕппӕт дунейы адӕм ӕмӕ экологон системӕтӕн хъыгдард баййафынӕй тӕссаг у. Уӕвӕн ис, ӕмӕ ноджы стырдӕр ивддзинӕдты фӕстиуджытӕ фыдбылызтӕ расайдзысты».

Райрӕзты сӕрмагонд ӕууӕлтӕ кӕмӕн ис, ахӕм хохаг экологон системӕтӕм здахын ӕмбӕлы сӕрмагонд ӕргом. Уымӕй уӕлдай, 120 адӕймагӕй фылдӕр кӕй аххосӕй бацарӕфтыд сты, 2002 аз Хъолайы цъитийы уыцы рацыд дзыллӕтӕй рох нӕу. Ӕппӕт уӕлдӕрамынд ӕууӕлтӕ нымайгӕйӕ, Экологи ӕмӕ ӕдас цардархайды наукӕты дунеон академи, йӕ цӕгаткавказаг хайад, регионы сӕрмагонд  бӕрнджын паддзахадон ӕрдзхъахъхъӕнӕг ӕмӕ экологон-наукон ӕхсӕнад дунеон наукон ӕхсӕнады ӕргом аздӕхтой Кавказы хӕххон территориты ӕрдзыхъӕды ивддзинӕдтимӕ баст лыггӕнинаг фарстатӕм, ӕмӕ Кавказы цӕрӕг адӕмы ахсджиагдӕр фарстатыл ӕрныхас кӕнынӕн «ӕрдзыхъӕды ивддзинӕдты нырыккон уавӕрты техносферон ӕдас-дзинады уынаффӕйад»-ы темӕйыл Дзӕуджыхъӕуы сарӕзтой дунеон наукон-практикон конференци.

Ӕнусон миттӕ ӕмӕ цъититӕ ӕввахс кӕмӕ сты, ахӕм хӕххон территориты лыггӕнинаг фарстатӕ нымад сты вазыгджыныл, ӕмӕ сӕм ӕнӕсцухӕй наукон-техникон цӕстдард ӕххӕст кӕнын ӕмбӕлы. Дунеон ӕхсӕнады рӕзт хынцгӕйӕ, ахуыргӕндтӕ хӕххон экологон системӕтӕм здахынц сӕрмагонд ӕргом. Ацы территоритыл чи ис, уыцы егъау уӕлзӕххон ӕмӕ дӕлзӕххон ӕвӕрӕнтӕй нывыл уагӕй кӕд пайда кӕнӕм, уӕд, уӕвӕн ис, ӕмӕ ацы фӕзуӕттӕ планетӕ Зӕххы царды хӕрзхъӕддзинад фӕхуыздӕр кӕнынӕн фӕахъаз уыдзысты. Хӕххон уӕлдӕф ӕмӕ ӕрдзыхъӕды пайдайаг миниуджытӕ кӕронмӕ иртӕстгонд кӕд нӕма ӕрцыдысты, уӕддӕр адӕмӕй бирӕтӕ сӕ фӕллад хохаг уавӕрты суадзынмӕ тырнынц. Адӕмы хорздзинадӕн хохаг уавӕртӕй пайдакӕнынады фӕтк бӕлвырдгонд кӕй нӕма ӕрцыд, уый аххосӕй ныронг адӕмы ныры ӕмӕ фидӕны фӕлтӕрты фӕрныгадӕн ацы ӕрдзон лӕварӕй пайда кӕныны пълан нӕма бацӕттӕ кодтой.

Уыимӕ, ныридӕгӕн ӕрдзыхъӕды егъау ивддзинӕдтӕ нӕ планетӕйы ӕппӕт континенттыл цӕрӕг адӕмы ӕнӕниздзинад ӕмӕ цардифтонгады ӕууӕлтыл бӕрӕг дарынц. Ӕрдзыхъӕды егъау фыдбылызты нымӕц фылдӕрӕй фылдӕр кӕй кӕны, уый аххосӕй хӕстӕгдӕр дӕсгай азты дӕргъы нӕ планетӕйы алы рӕтты ӕрцӕудзӕн стыр зиантӕ. Ныртӕккӕ ӕрдзыхъӕды егъау ивддзинӕдты фарста нымад у канд науконыл нӕ, фӕлӕ адӕмы цардархайды социалон, экономикон ӕмӕ экологон ӕууӕлтыл аххӕссӕг иумӕйаг фарстайыл. Канд уӕрӕсейаг ахуыргӕндтӕ нӕ, фӕлӕ Китай, Узбекистан ӕмӕ Казахстанӕй ӕрбацӕуӕг специалисттӕ дӕр кӕм архайдтой, Дзӕуджыхъӕуы ацӕуӕг ахӕм дунеон наукон-практикон конференцийы хаст уынаффӕтӕ хохаг ӕрдзыхъӕды ивддзинӕдтимӕ баст фарстатӕ алыг кӕнынӕн кӕй ахъаз кӕндзысты, ууыл зӕрдӕ дарӕн ис.

ӔЛБОРТЫ Иван,

Уӕрӕсейы сгуыхт эколог, профессор, Экологи ӕмӕ ӕдас цардархайды наукӕты дунеон академийы вице-президент

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here