УФ-йы сгуыхт ӕмӕ республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы адӕмон нывгӕнӕг ДЖЫККАЙТЫ Мурат у нӕ бӕстӕ, Ирыстоны Цӕгат ӕмӕ Хуссар хайы хуыздӕр нывгӕнджытӕй иу. Йӕ курдиат у ӕрдзон, хӕдбындур ӕмӕ аив, стыр профессионалон гӕнӕнтӕй ӕххӕст.
Ныв кӕнынмӕ йӕм стыр курдиат кӕй ис, уый арвӕй бӕрӕгдӕр уыд Муратӕн йӕ сабибонтӕй. Нывгӕнӕг суӕвыны зонд, ӕрдзы фӕзындтытӕ, цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойты дунейы рӕсугъддзинады ӕнкъарынад ын йӕ зӕрдӕйы бауагътой йӕ ныййарӕг Нифа ӕмӕ фыд Федыр.
Ныв кӕнынмӕ хорз арӕхстысты Мураты ӕфсымӕртӕ Рутен, Хетӕг ӕмӕ Солтан дӕр. Суинаг нывгӕнӕг Мурат, цӕмӕй ахорӕнты фӕрцы цард ӕмӕ ӕрдзы аивтӕ ӕвдиса, уымӕн ын хорз ахъаз фӕци йӕ райгуырӕн хъӕу Дзомагъы ӕрдз, йӕ хистӕрты миддуне, Нарты кадджытӕ, аргъӕутты, таурӕгъты архайджыты фӕлгонцтӕ, сӕ удысконд ӕмӕ сӕ лӕгдзинад, удты фарн.
Хуыздӕр цардагур ивгъуыд ӕнусы фӕндзайӕм азты Мурат йӕ ныййарджытимӕ, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ралыгъд Цӕгат Ирыстонмӕ ӕмӕ ӕрцард Горӕтгӕрон районы Камбилеевкӕйы хъӕуы. Сӕ цард кӕд социалон ӕгъдауӕй афтӕ хъӕздыг нӕ уыд, уӕддӕр Джыккайты бинонтӕ сӕ кӕстӕртимӕ хорз ӕгъдау дӕттын фӕрӕзтой хъӕубӕстӕ, сыхбӕстӕ ӕмӕ хиуӕттӕн.
Астӕуккаг скъола каст куы фӕци Мурат, уӕд дарддӕр ахуыр кӕнынмӕ бацыд Цӕгат Ирыстоны педагогон училищӕйы нывкӕнынады хайадмӕ. Ам ын йӕ курдиаты рӕзтӕн фӕци фылдӕр ӕмӕ хуыздӕр фадӕттӕ. Йӕ арӕхстдзинад нывтӕ кӕнынмӕ хӕдхуызӕй ӕнкъарӕнджын кӕй уыд, уыцы миниуӕгыл йе ‘рмдзӕфы ӕхсызгонӕй сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой ацы ахуырадон артдзӕсты разамынд, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттӕ.
Педагогон училищӕ Мурат каст фӕци 1967-ӕм азы. 1968-ӕм азы та сси Мӕскуыйы Сергей Строгановы номыл аивадон-промышленнон уӕлдӕр училищӕйы (ныр Мӕскуыйы паддзахадон уӕлдӕр аивадон-промышленнон академи) монументалон-декоративон ӕмӕ ӕрмдӕсныйады аивады факультеты графикон дизайны хайады студент. Йӕ ахуыры азты рӕстӕг, куыд фӕзӕгъынц, лыстӕггай-таггай, мургай сгарӕгау, бӕлвырд сахуыр кодта ацы ахуыргӕнӕндоны аивадон ахуырадон ӕрмдзӕфы сусӕгдзинӕдтӕ. Йӕ курдиаты тых ӕмӕ гӕнӕнтӕ куыд фидар ӕмӕ уӕрӕх кӕнынц, уымӕй радысты йӕ ахуыргӕнджытӕ — профессортӕ М. Маркова ӕмӕ С. Радионовайы зӕрдӕтӕ.
Цыфӕнды аивадон уацмысыл кусгӕйӕ, нывгӕнӕг уды хъизӕмар, сагъӕс, фӕлгонц нывӕндӕн фӕрӕз агурӕн сагъӕсты йӕ зонд ӕмӕ зӕрдӕ куынӕ бахсида, йӕ ныв аивадуарзаджы цардӕн ӕууӕнк, цины ӕнкъарӕн лӕвар кӕндзӕн, ӕви йӕ царды фӕндагыл удмарӕн хъуыдытыл ӕфтаудзӕн, уый рагацау куы нӕ зона, уӕд уыцы нывгӕнӕг йӕхи не ссардзӕн, нывкӕнынад ӕмӕ аивадуарзджыты зӕрдӕмӕ дӕр йӕ ӕрмдзӕф нӕ бахъардзӕн. Уыцы зонд ӕмӕ сфӕлдыстадон куысты уаджы хъуыды Джыккайты Муратӕн йӕ ӕнкъараг зӕрдӕйӕ ӕмӕ арф, цард ӕмӕ аивады фӕндагыл фӕлтӕрд зондӕй никуы цух кодта ӕмӕ кӕны. Мӕскуыйы уӕлдӕр аивадон скъола каст куыддӕр фӕци, афтӕ йӕ ӕрыгоны бонтӕй абонмӕ у Ирыстоны нываивады тӕккӕ зӕрдиагдӕр ӕмӕ уӕхскуӕздӕр архайӕг. Йӕхи алывӕрсыг ӕмӕ зӕрдиаг кусӕгӕй ӕвдисы нываивады алы жанрты: графикӕ, монументалон-декоративон аивад, графикон дизайн, эстамп, хуызджын нываивады.
Дунейы, нӕ бӕстӕ, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны музейты, хицӕн аивадуарзджыты коллекциты сты йӕ аивадон куыстытӕ: Нарты кадджыты сюжеттӕм гӕсгӕ арӕзт нывтӕ, Ирыстоны ӕхсӕнадон-политикон архайджыты, зонад ӕмӕ культурӕйы архайджыты, номдзыд инӕларты, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджыты нывтӕ.
Зындгонд нывгӕнӕг йӕ царды алы къахдзӕф дӕр бары уды рухс, зӕрдӕйы фӕзминагдӕр ӕмӕ бӕрзонд, аив миниуджыты бӕрцбарӕнтӕй. Зоны фыдӕлтыккон ӕгъдау, европӕйаг культурӕ, нываивад ӕмӕ номдзыддӕр нывгӕнджыты, музыканттӕ ӕмӕ фысджыты, поэтты сфӕлдыстад. Йӕ миддуне куыд хъӕздыг ӕмӕ алывӕрсыг у, уый зыны йӕ конд алы аивадон куыстыл дӕр.
Нываивады Джыккайты Мурат архайы ныр фӕндзай азӕй фылдӕр. Йе сфӕлдыстады руаджы нӕ ахоны фыдӕлтыккон фарны дунемӕ, ирд ӕмӕ уырнинагӕй нын ӕвдисы ӕрдзы фӕзындтытӕ ӕмӕ фидыцтӕ, абоны царды сгуыхт ӕмӕ лӕгдзинады цаутӕ. Аивад ӕцӕгӕлон кӕмӕн у, суанг уыцы адӕймаг дӕр, хистӕр уа, кӕстӕр, ӕнӕ лӕмбынӕг бакӕсгӕ нӕ фӕлӕууы йӕ конд аивадон куыстытӕм куыд равдыстыты, афтӕ чингуыты. Алы хахх, ахорӕны тӕлмӕй бӕрӕг у, кӕцыфӕнды фӕлгонцы дӕр кӕй ис царды рухс мелодийы уды рӕбынтӕм хъарӕг зӕл, хурау, аив рухс ӕмӕ Хуыцауы цӕхӕрадоны фидыцты ӕмсӕр аивдзинад.
Йӕ архайд ахадгӕ ӕмӕ бирӕвӕрсыг у Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къос-тайы номыл паддзахадон университеты аивӕдты факультет ӕмӕ Хӕххон- металлургон институты кафедрӕты. Нывкӕнынад, дунеон ӕмӕ нӕ бӕстӕйы аивады сусӕгдзинӕдтӕ уӕрӕх ӕмӕ парахатӕй кӕмӕн байгом кодта, уыдонӕй абон рауад дӕсны хӕрзарӕхстджын нывгӕнджытӕ, ацы аивады хуызы ӕцӕг дӕснытӕ. Абон ӕнтыстджын у сӕ архайд куыд Цӕгат, афтӕ Хуссар Ирыстоны, зындгонд сӕ курдиатӕй сты нӕ бӕстӕ ӕмӕ дунейы аивадуарзджытӕн.
Курдиатджын нывгӕнӕг аудӕг цӕстӕй каст ӕмӕ абон дӕр кӕсы нӕ Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Нывгӕнджыты цӕдисты алы уӕнджы ӕрмдзӕфмӕ дӕр. Радиойӕ уа, телеуынынадӕй, газетты, кӕнӕ сӕ алкӕй персоналон кӕнӕ иумӕйаг равдысты Мурат фӕзӕгъы йӕ ныхас зӕрдиагӕй куыд уырыссагау, афтӕ иронау. Йӕ раныхасы вӕййы бӕлвырд хӕдбындур хъуыды, уаг ӕмӕ рухсхӕссӕг ӕнкъарӕнтӕ.
Ирыстоны нываивады дӕснытӕн сӕ курдиатджындӕр ӕмӕ сфӕлдыстадон куыстхъомдзинадӕй бӕркадджындӕр Джыккайты Мурат у, зӕгъгӕ, куы зӕгъӕм, уӕд рӕдыд нӕ уыдзӕн. Йӕ конд нывтӕ йын зонынц Ирыстоны, нӕ бӕстӕ, хӕстӕг ӕмӕ дард фӕсарӕнты аивадуарзджытӕ. Иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыд ӕмӕ нӕу нӕ республикӕйы, Уӕрӕсе ӕмӕ дунейы нывгӕнджыты куыстыты равдыстыты ӕмӕ сӕрмагонд равдыстыты архайӕг, саразӕг ӕмӕ ерысты архайӕг, сӕ уӕлахиздзау. Йӕ ахорӕн сисы бынӕй рацыд, абон нӕ бӕстӕ ӕмӕ нӕ Ирыстоны культурӕйы нырыккон нываивады хӕзнатыл нымад чи ӕрцыд, ахӕм алы аивадон жарны арӕзт дыууӕсӕдӕ куыстӕй фылдӕр.
Ныртӕккӕ дӕр Джыккайты Мураты ӕнкъараг зӕрдӕ ӕмӕ уды, арф ӕмӕ дардмӕуынаг зонды ӕвӕрӕнты ис бирӕ фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ. Нӕ цӕст ын уарзы, цӕмӕй йын рӕхджы сӕххӕст уой. Нӕ республикӕйы уӕлдӕр ӕмӕ кадджындӕр хорзӕх — Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийӕ та нывкӕнынады рӕзтыл йӕ бирӕ азты зӕрдиаг удвӕлдай куыстӕн аргъгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый нӕ уырны. Уымӕн ӕмӕ курдиатджын нывгӕнӕг, сфӕлдыстадон фӕлтӕры ӕнувыд хъомылгӕнӕг, цӕстуарзон ӕмӕ уӕздан хистӕр Джыккайты Мурат у уый аккаг!
ГАСАНТЫ Валери