Дзæуджыхъæуæй Куырттаты комы Мидæгрæбинаг дæлвæзмæ балцыл æнæхъæн бон ацæуы. Картæтæм гæсгæ, 56 километры дæргъæн фæндагыл балц хъуамæ бацахса сахат æмæ æрдæг рæстæг, фæлæ балцы заман хохы рæсугъд нывтæ комкоммæ уагæй фенынмæ бæллæг бæлццæттæ транспортон фæрæз цалдæр хатты кæй бауромынц, уый нымайгæйæ, балц бацахста сахат æмæ æрдæгæй дзæвгар фылдæр рæстæг.
Мидæгрæбинаг дæлвæзмæ æхсæнадон транспорт нæ цæуы. Ардæм цæуынц дыууæ фæндаджы. Иу фæндаг цæуы Хохы Фыййагдоны онг. Дарддæр фæзилын хъæуы галиуырдæм æмæ æфцæгыл цæуæг фæндагыл адæймаг бахæццæ уыдзæн Джимарамæ. Фæстæдæр фæзилын хъæуы галиуырдæм, æмæ арæнхъахъхъæнæг постыл ацæуæг адæймаг ауындзæн æхсæрдзæнтæ.
Нæ балц цæуы дыккаг фæндагыл. Хъобанмæ нæ бахæццæ стæм, афтæмæй галиуырдæм фæзылдыстæм, стæй дарддæр Дæргъæвсы зæппæдзтæ æмæ Джимарайы цурты ацыдыстæм. 2002 азы Хъолайы цъитийы рацыды аххосæй 125 адæймаджы (адоны ‘хсæн – кинорежиссер Сергей Бодровы киноисæг къорды уæнгтæ дæр) кæм бацарæфтыд сты æмæ, адæймагмæ æрхæндæг æнкъарæнтæ чи æвзæрын кæны, нæ фæндаг цæуы Хъæрмæдоны уыцы комыл. Тъунелмæ бацæуæны цур фидаргонд у Сергей Бодровы номарæн фæйнæг. Уæвæн ис, æмæ удæгасæй баззайæг адæймæгтæ сæхи бамбæхстой ацы тъунелы, зæгъгæ, цъитийы рацыды фæстæ ахæм ныхас фехъусæн уыд. Фæлæ, ирвæзынгæнджытæн фыдбылызы бонæй æрмæст афæдз фæстæдæр кæдæм бацæуыны фадат фæцис, уыцы тъунелы донæй фæстæмæ ницы разынд.
Фæстæдæр нарæг хохаг фæндагыл бахæццæ стæм Цæгат Ирыстоны табуйаг бынатмæ – Дæргъæвсы зæппæдзтæм. Нæуæдз фондз кæй нымæц у, уыцы зæппæдзтæн сæ фылдæр хайыл цæуы 600-700 азы. Чысыл хæдзæртты хуызы арæзт зæппæдзтæ æрбынæттон сты хæхты фæхстыл. Фидар æхгæд чи у, зæппæдзтæм уыцы бацæ-
уæнтыл ис æрмæст чысыл рудзгуытæ. Хохы арæх чи вæййы, уыцы тыхдымгæйы фæрцы зæппæдзты æвæрд мæрдты стджытæ ныридæгæн æнæхъæнæй баззадысты.
Нымæттæ, уæлдзарм худтæ, свитертæ æмæ æндæр дзаумæттæ чи уæй кæны, зæппæдзты цур сæмбæлæн ис ахæм адæймæгтыл. Ногфых ирон чъириты тæф дард-
мæ цæуы.
Ардыгæй фæндаг цæуы Мидæгрæбинаг дæлвæзмæ. Иннæ æхсæрдзæнты æмрæнхъ ам сæмбæлæн ис Европæйы æппæтæй бæрзонддæр æхсæрдзæн Стыр Зæйгæлæныл (йæ иумæйаг бæрзæнд у 648 метры). Афæдзы уазал афон цъити куы нал фæтайы, уæд æхсæрдзæнæй рауайынц ихын цæджындзтæ. Доны тæмæнтæкалæг гуылфæнтæ кæй цъуппытæй кæлынц, 7 километры дæргъæн Мидæгрæбинаг дæлвæз фæвæййы ахæм сау къæдзæхты рагъæй. Рог хæдтулгæйæн ардæм æрбацæуын æнцон кæй нæ уыдзæн, уый хынцгæйæ, Мидæгрæбинаг дæлвæзмæ цæуын æмбæлы сæрмагондæй зынвæндæгтыл цæуынæн арæзт хæдтулгæйæ.
Дæлвæзмæ ’рбафтæг бæлццæттæ парахатæй зынæг бынæттон рæсугъд æрдзы уындæй алы хатт дæр райгонд вæййынц. Цатыртимæ туристтæ сæ фæллад уадзынц чысыл цады цур. Ацы студенттæ нæм æрбацыдысты Ленинграды облæстæй.
– Кæй къамтæ федтон, цалдæр азы дæргъы мæ фæндыд Европæйы уыцы бæрзонддæр æхсæрдзæн комкоммæ уагæй фенын. Æрдзы аив уындæй райгонд дæн. Æхсæрдзæнмæ цæуыны рæстæг хъæды цъæхвæлыст бæлæстæ, знæт уазал хохаг цæугæдон æмæ егъау арвæрдын федтам. Мæнмæ гæсгæ, ацы рæсугъд бынæттæй Цæгат Кавказы рæсугъддæр бынат нæй. Ардæм ноджыдæр æрбацæу-
дзынæн, – загъта бæлццæттæй иу – Андрей.
Ленинградæгтæй чысыл æддæдæр ран мæскуыйаг бæлццæттæ сæ фæллад уадзынц.
– Цæгат Ирыстонмæ балцы æрбацыдтæн мæ зонгæ чызгимæ, иннæ аз та ардæм къуырийы æмгъуыдмæ, æнæмæнг, не ’ппæт бинойнæгтæ дæр æрбацæудзысты. Ирыстойнæгты уазæгуарзондзинадæй разы дæн. Чысыл хъæууон кафетæй иуы нæ кæмæй суазæг кодтой, уыцы хæрзад лывзæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Рæсугъд-
дзинадæй уæ хæхтæ швейцариаг хæхтæй дæлдæр нæ лæууынц. Экскурсион балцытæ мæм уæлмонц æнкъарæнтæ сæвзæрын кодтой, – зæгъы мæскуыйаг Марианнæ.
Æхсæрдзæнтæ хæстæгмæ фенын кæй фæнды, уыцы адæймаг дурджын къахвæндæгтыл хохы фахсмæ хъуамæ схиза (хохмæ схизынæн удæнцой къахыдарæс бабæздзæн). Цалдæр хатты бахъæудзæн чысыл цæугæдоны сæрты бахизын.
Æхсæрдзæнтæ арæнмæ ’ввахс тæлмы кæй æрбынæттон сты, уый нымайгæйæ, балцы ацæуыны фæнд скæнгæйæ, демæ паспорт райс. Æнтæф боныхъæды рæстæг хохаг къахвæндæгтыл цæуынæй кæд бафæлладыстæм, уæд дæр Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнтæм балц нæ зæрдæмæ фæцыд.
Датиты Ольгæ,
къам систа
Фæрниаты Константин














