Нæ бæстæйы хъæдтæ хъахъхъæнын æмæ фылдæр кæнын у Уæрæсейы Федерацийы паддзахады ахсджиагдæр хæстæй иу. Цæгат Ирыстоны ныр цалдæр азы дæргъы национ проект «Экологи»-йы фæлгæты царды уадзынц федералон проект «Хъæдтæ бахъахъхъæнын». Æмæ уал абоны онг къухы бафтыд хорз бæрæггæнæнтæ.
Нæ республикæйы хъæдты фæзуат фæфылдæр 205,4 гектары. Ныссагътой, Цæгат Ирыстоны арæхдæр æмæ хуыздæр чи зайы, ахæм бæлæсты 950 мин талайы. Нæй хъæд ссудзыны цаутæ дæр. Уый у, сæйрагдæр, нæ хъæды специалистты къæрцхъусдзинад æмæ развæлгъау ахадгæ мадзæлтты фæрцы.
– Нæ хъæды хæдзарады чи кусы, уыцы специалистты хъазуатон куыс-
тæн кæнæм стыр аргъ. Уыдон абон сты сæдæйы бæрц. Иууылдæр – дæсны, фæлтæрдджын адæм. Нæ хъæды куыстмæ стыр æргом здæхт цæуы республикæйы разамынды ’рдыгæй дæр. Сæ удуæлдай фæллойы фæдыл мæн зæрдиаг арфæтæ ракæнын фæнды, йæ цард уыцы ахсджиаг хъуыддагимæ чи сбаста, нæ хъæдтæ нын зынгæй, знаггадгæнджытæй, зайæгойты алыхуызон низтæй чи хъахъхъæны, уыцы адæмæн. Хъæд у нæ царды ахсджиагдæр æмæ зынаргъдæр фæрæзтæй иу, дзæгъæл хуымæтæджы йæ нæ фæхонынц «кæрдæгхуыз сыгъзæрин», «кæрдæгхуыз къæбиц», «Зæххы къорийы кæрдæгхуыз уарт». Афтæмæй хъуамæ баззайа сомбоны фæлтæртæн дæр», – загъта Цæгат Ирыстоны æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Бæзаты Вадим.
Рагацау сбæрæг кодтой къабазы хуыздæрты куыст. «Уæрæсейы хъæды хæдзарады хъæздыгдзинæдтæ фæфылдæр æмæ бахъахъхъæнын»-ы тыххæй радтой Риуылдаргæ нысан «Аланиялес»-ы регионалон диспетчеры службæйы хицау Дзиццойты Кирæйæн. Хъæууон хæдзарады федералон агентады Кады гæххæтт саккаг кодтой РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады хъæдты зынгсирвæзты æдасдзинадмæ цæстдарды хайады хицау Хъаммæрзаты Зауырæн æмæ уыцы министрады æфтиæгты, экономикон анализ æмæ пълан кæныны хайады хицау Дзуццаты Еленæйæн.
Хуссайраг федералон зылды хъæды хæдзарады департаменты Кады гæххæтт радтой «Аланиялес»-ы директоры хæдивæг Гибызты Валерийæн. Кады гæххæттытæ ма саккаг кодта къабазы хуыздæр кусджытæн нæ республикæйы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрад дæр. Уæрæсейы хъæды куысты профцæдисы Цæгат Ирыстоны хайады сæрдар Махъоты Иринæ та сын радта федералон профцæдисы Центрон комитеты Кады гæххæттытæ.
Цæгат Ирыстоны Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады пресс-службæ














