Сæ архайд – бæрнон æмæ ахсджиаг

0
182

Амæй размæ сæ профессионалон бон сбæрæг кодтой уголовон
агуырды оперативон кусджытæ. Мидхъуыддæгты министрады къабазы сæ куыст у се ‘ппæтæй зындæр æмæ тæссагдæр. Уымæ гæсгæ ацы ран кусынц, удæй дæр æмæ хъаруйæ дæр фидар æмæ тыхджын чи у, æрмæстдæр ахæм адæймæгтæ.

Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады Алагиры районы хайады сæ хæстæ бæрнон æмæ зæрдиагæй æххæст кæнынц фараст оперативон кусæджы – Дзеранты Станислав, Тыбылты Баймæт, Плиты Хъазыбег, Хъæцмæзты Владислав, Хъуыдаккаты Тимур, Дзантиаты Хазби, Хъуылаты Таймураз, Брытъиаты Аслæнбег æмæ Бицъоты Арсен. Сæ хæс у бахъуаджы заман фыдгæнæджы бауромын, цыфæнды уавæрты дæр, сæхи цардæн тæссаг куы уа, уæддæр. Сæ куыст алы бон дæр райдайы уыцы-иухуызон – фæстаг суткæйы дæргъы оперативон уавæр цавæр уыд, уый равзарынц, æмæ уымæ гæсгæ сæ архайд дарддæр рацаразынц. Фыд-
ракæндтæ æргом кæныны хъуыддаджы сæ оперативон куыст æнгом баст у слестгæнæн комитеты слестгæнджытимæ.

Оперативон кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл, стæй, Уголовон агуырды службæ Мидхъуыддæгты министрады 106 азы размæ кæй фæзынд, уый фæдыл арфæ ракодта Мидхъуыддæгты министрады Алагиры районы хайады хицау, пъæлицæйы булкъон Тлаттаты Аслæнбег. Йæ  зæрдæ сын загъта фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстытæ сæ ахсджиаг æмæ бæрнон куысты.

 

ГÆЗЗАТЫ Зæринæ,
Мидхъуыддæгты министрады
Алагиры районы
хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here