«Ногдзау» мыхуыр кæны

0
361

Мыхуыры рацыд сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы ацы азы фæндзæм номыр. Журналы æрмæджытæ æнæхъæнæй дæр баст сты нæ генион Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ, йæ 165 азы юбилейы кадæн.

Цæмæн дзы афтæ бæрзонд хæссæм нæ сæр, цавæр хæрзты бацыд Ирыстон æмæ ирон адæмæн, уыцы æрмæгæй журнал байгом кодта йæ сæйраг редактор Сæлбиты Дианæ.

Журналы ис поэты цардыл цыбыр афæлгæст, йе ’мдзæвгæтæ «Гино», «Сæрдыгон къæвда», «Æрра фыййау», «Скъолайы лæппу»-йы къухфыстытæ.

Рубрикæ «Куыд зоныс Къостайы æмдзæвгæтæ»-йы бынмæ мыхуыргонд æрцыдысты йе ’мдзæвгæтæ «Зонын», «Гъæй-джиди!», «Æнæ фыййау»,, «Ныстуан». Алы æмдзæвгæйы дæр дзы ис дзырдхъуаг рæнхъытæ, æмæ дзы арын хъæуы хъæугæ дзырдтæ. Уымæй рабæрæг уыдзæн, æмдзæвгæ зоныс æви нæ, уый.

Сывæллæттæ зæрдиагæй бакæсдзысты Хъæцмæзты Азæйы, Мæхъиты Зæринæйы, Елхъанаты Евгенияйы Къостайыл фыст æмдзæвгæтæ.

«Куыд æй уынын æз Къостайы», зæгъгæ, уым ис Тауаситы Сослæнбеджы нывкæнынады скъолайы сывæллæтты нывты равдыст. Уыдон сты: Куыдзиаты Тамирис, Тауаситы Алан, София Юдина, Хъыргъуты Стеллæ, Хъæцмæзты Дианæ æмæ æндæртæ.

Алы ирон саби дæр хъуамæ æппæты фыццаг зона Къостайы сывæллæттæн фыст æмдзæвгæтæ «Фыдуаг», «Уасæг», «Зæрватыкк», «Дзывылдар», «Скъолайы лæппу». Уыцы æмдзæвгæтæ сахуыргæнæн ис, журналы сæ бакæсгæйæ.

Къостайæн ма номарæн æмдзæвгæтæ ныффыстой Сопойты Дианæ, Кодзырты Аслан, Сарахъаты Каринæ.

Журналы ис сканворд, дзырдбыд æмæ æндæр цымыдисаг цыдæртæ.

Журналæн йæ хуыз скалын кодтой сæ нывтæй нывгæнджытæ: Берозты-Дзукъаты Алинæ, Цомайты Аллæ, Марат Брызгалов, Абайты Аркади, Сæбанты Ирбег.

Абайты Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here