Рамбылдтой фараст хæрзиуæджы

0
271

Краснодары крайы, Анапæйы цур фæрсаг хъæу Суккойы, ив-
гъуыд къуыри уæззау атлетикæйæ фæсивæды (27 азы онг) ’хсæн.

Ирыстонæй уым цы спортсменты къорд архайдта, уыдонæн бантыст 3 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 4 бронзæ майданы рамбулын.цыдысты Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ æрыгæттæ (18 азы онг) æмæ

Ирыстойнаг тренерты хъомылгæнинæгтæй уæлдай, æнтыстджындæр рауад чызг спортсменты архайд.

18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы чызджыты ерысы тренер Æлборты Вадимы хъомылгæнинаг Анастасия Черемных, 49 кг онг уæзы ерыс кæнгæйæ, дыууæ
хуызы систа 146 кг (62+84) æмæ бацахста дыккаг бынат. Анастасияйы разæй фæуæг Светланæ Михайлинайæн бантыст иу килограмм фылдæр сисын.

Ацы кары чызджыты ерысы сыгъзæрин майдан рамбылдта Уæрæсейы сгуыхт тренер Золойты Хъазыбеджы хъомылгæнинаг Теблойты Данæ, + 87 кг уæзы ерыс кæнгæйæ, Данæ дыууæ хуызы систа 208 кг (98+110).

Æрыгæтты ерысты нæ лæппутæй хорз рауад тренер Цагъаты Юрийы хъомылгæнинаг Гаджиты Баграты архайд. 96 кг онг уæзы нæ 17-аздзыд штангист дыууæ хуызы систа 300 кг (135+165) æмæ бацахста дыккаг бынат.

Ссæдз азы онг кары чызджыты ерысты сæрæнæй сæхи равдыстой Гусалты Зæринæ (тренер – Золойты Хъазыбег) æмæ Челæхсаты Мæдинæ (тренер – Тогойты Æхсарбег). 71 кг онг уæзы Гусалты Зæринæ зынгæ фылдæр систа йæ ныхмæлæуджытæй æмæ æнæгуырысхойæ ссис ерысты уæлахиздзау. Дыууæ хуызы равдыста 223 кг (87+121), фæлæ, куы бахъуыдаид, уæд цæттæ уыди фылдæр сисынмæ дæр.

Челæхсаты Мæдинæ та 76 кг онг уæзы дыууæ хуызы систа 200 кг (87+113) æмæ уый дæр ссис ерысты уæлахиздзау.

Бæрзонд бынат бацахсынмæ тырныдта тренер Гаситы Русланы хъомылгæнинаг Кодзырты Мария дæр. Уый, + 87 кг уæзы ерыс кæнгæйæ, фыццаг хуызы фæлварæны уыциу ист скодта 90 кг, фæлæ, йæ къух кæй срысти, уый йын фадат нал ратта дарддæр архайынæн.

Ерысты дыууæ хуызы сисгæ бæрæггæнæнтæй  уæлдай, нымад цыдысты хицæн фæлварæнты бæрæггæнæнтæ. Нæ спортсментæ уыцы хуызы фыццаг æмæ дыккаг бынæтты уыдысты къорд хатты. Зæгъæм, Кодзырты Мария уыциу ист 90 кг кæй скодта, уый тыххæй хорзæхджын ссис æвзист майданæй.

Æвзист майдан рамбылдта Дзабайты Станислав дæр (тренер – Золойты Хъазыбег). 109 кг онг уæзы Станислав йæ риуæй сысхуыста 182 кг, фæлæ, фыццаг хуызы
ерысты рæдыд кæй æруагъта, уый йын фадат нал ратта призон бынатыл стох кæнынæн.

Ахæм ерысты уый бæрц хæрзиуджытæ рамбулын хорзыл нымад вæййы, фæлæ нæ фæсивæды бон уыди фылдæр рамбулын. Хъуыддаг та уый мидæг ис, æмæ, æхцайы фæрæзтæ фаг кæй нæ уыд, уый аххосæй ерысты нæ архайдтой цалдæр хорз цæттæ спортсмены.

РЦИ-Аланийы уæззау атлетикæйы федерацийы президент Лазарты Владимир зæрдиаг арфæ ракодта спортсменты бацæттæгæнæг тренертæн æмæ се ’ххуысы хай бахæссæг ныййарджытæ æмæ æмбæлттæн.

 

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here