Фæндзайæм азы кæрæтты ирон литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдонæй иу уыд Бахъаты Нугзар. Ирон литературæйы историйы къæбиц рагæй-æрæгмæ дæр хъæздыг у курдиатджын фысджыты уацмыстæй, Ирыстоны абоны кæстæртæ сæрбæрзонд сты нæ раззагдæр интеллигенцийæ, уыдон та сты æхсæнадон кусджытæ, ахуыргæндтæ, фысджытæ.
Æппæт дуне нæ базыдтой æмæ зонынц Хетæгкаты Къоста, Абайты Васо, Джусойты Нафи, Плиты Гриш, Бестауты Гиуæрги, Хъодалаты Герсан, Хъазиты Мелитон, Харебаты Леонид, Козаты Исидор æмæ Бахъаты Нугзары руаджы.
Адонæй алчидæр йæхирдыгонау цин кодта æмæ рыстис Ирыстоны сомбоныл. Иуæй дæр сæ афтæ зæгъæн нæй, æмæ, цы дуджы цардис, цы ахсджиаг æхсæнадон фарстатæ æмæ æцæгдзинæдтæ уыдис сæ рæстæджы, уыдон нæ рахатыд æмæ сæ иувæрсты ахызт.
Зарыдысты поэттæ Ирыстоны сомбоныл, кæм – цины зарæг, кæм – хъыджы зарæг. Уацы сæйрагдæр дзырд цæуы æвзист æнусы æрттивгæ стъалы, курдиатджын поэт Бахъаты Нугзары сфæлдыстадыл. Бахъаты Иликъойы фырт Нугзар райгуырдис 1934 азы Знауыры районы Бахъаты хъæуы зæхкусæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Иликъо, рагон революционер, Бургъустаны тохты архайæг, колхозон цардаразджытæй иу, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дуджы уыд партизанон къордты (Знауыры) районон штабы уæнг.
Йæ мад Битеон (Настъа), хæдзарон куыстгæнæг, тынг арæхст тынуафынмæ. Бирæ бинонтæ уыдысты. Федыр, зæнæджы хистæр, хæсты быдыры уыд (1941-1945 азты), æмæ цыппар æнахъом сабийæ баззадысты иу ныййарæ-джы æвджид. Æххормаг æмæ гомрагъы дуг ралæууыд, афтæмæй 1941 азы Нугзар бацыд фыццаг къласмæ. Зын уавæрты, уæззау рæстæг скъолайы фæстæ сывæллæттæ æххуыс кодтой хæдзары куыстытæ кæнын: нартхор рывтой, æфсир уыгътой, най кодтой æмæ-иу æндæр куыстытыл дæр балæууыдысты.
1953 азы Нугзар каст фæцис астæуккаг скъола, уыцы аз бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институты филологон факультетмæ æмæ йæ 1957 азы æнтыстджынæй каст фæцис. 1965 азы йæ цард баиу кодта Нартыхты Норæимæ, фæзындис сын кæстæртæ – дыууæ фырты æмæ чызг.
Хорз кæстæртæ схъомыл кодтой Нугзар æмæ Нартыхон. Сахуыр кодтой, царды раст фæндæгтыл рацыдысты, сæхи базонын кодтой адæмæн. Бахъаты Нугзар
æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Ирон чиныгкæсæг ын йæ ном базыдта 1960 азæй. Уæд фыццаг хатт мыхуыры фæзынд йе ‘мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Уалдзыгон райсом». Уый фæстæ фæзындысты йе ‘ннæ æмбырдгæндтæ: «Æнæрынцой мелоди» (1963),
«Ныстуан» (1966), «Уарзондзинады зарджытæ» (1969), «Уæлахизхæссæг» (1972), «Фæстаг фыстæг» (1975), «Фыдæлты къахфæдтыл» (1978), «Мысæн бон» (1981), «Уацмыстæ» (1984), «Фыццаг фембæлд» (1985), «Æз мæ рагуалдзæг мысын» (1987), «Æхгæд фыстæг» (1990).
Нугзары сфæлдыстад егъау у, дзуры Ирыстон æмæ ирон адæмы алы вазыгджын фарстатыл. Сæйрагдæр архайдта поэзийы, хорз арæхст æмдзæвгæтæ нывæндынмæ, ис ын æнцон æмбарæн æвзаг. Æмдзæвгæты рахатæн ис поэты æнæкæрон уарзт йæ раттæг ирон адæммæ, йæ райгуырæн бæстæ Ирыстонмæ, Ирыстоны хæхтæ æмæ йæ хъæу Бахъатæм Зиулеты. Цалдæр æмдзæвгæйы цæстуарзонæй дзуры йæ зæрдæйы ахаст йæ чысыл Ирыстонмæ, дзуры йын алыхуызон рæвдауæн ныхæстæ:
«Ирыстон! – Мæ фыдæлты Ир!
Ирыстон! – Мæ сомыйы зæхх!
Ирыстон, Батрадз хуыйныс!
Ирыстон! – Ацæмæз хуыйныс».
Ирыстон хоны Чермен, Хазби, Иссæйы мад, æмæ æппæты тынгдæр – «Мæ фыдæлты Ир, мæ сомыйы зæхх». Зынаргъ уыдысты поэтæн Ирыстоны хæхтæ, йæ дæттæ æмæ къуылдымтæ. Хорз æмбæрста ирон адæмы рыст, цин æмæ хъæлдзæгдзинад. Сусæггаг нæ уыд ирон æвзаджы мæгуыр уавæр дæр. Йе ‘мдзæвгæты фембæлæн ис, йæ сæрмæ иронау дзурын чи нæ хæссы, уыдонæн уайдзæфы рæнхъытыл.
Сæрыстыр у поэт йæ раттæг ирон адæмы рагфыдæлтæй, ирон æвзагæй, амоны, не ‘взагыл алцыдæр зæгъæн кæй ис. Поэт фæдзæхсы, цæмæй зарой иронау, ома, дзурой иронау, ма рох кæной нæргæ мадæлон æвзаг. Нугзары поэзийы егъау бынат æрцахста мады фæлгонц. Йе ‘мдзæвгæтæ «Амонд, курæм дæ, сауд ныл!», «Цæсты рухс», «Мад»-ы уынæм æрмæст йæхи мады сурæт нæ, фæлæ æппæт Ирыстоны мадæлты фæлгонцтæ алы уавæрты. Нугзар ирдæй æвдисы ныййарæджы хъарм ахаст æмæ фæлмæн уарзт йæ хъæбулмæ æмдзæвгæ «Мад»-ы:
«Æз нæ зыдтон, мæ авдæны хъæдыл
Цал хатты ‘руагътай дæ сæр.
Æз нæ зыдтон, мад афтæ нæ хъæцыд,
Уарзон хъæбулыл кæддæр».
Стыр кад кодта поэт йæ рагфыдæлты зындгонд адæймæгтæн, ранывæзта номарæн æмдзæвгæтæ Къоста, Темырболат, Уасо, Хазби, Черменæн. Къоста æппæт ирон адæмæн зынаргъ у, ирон адæмы фысджытæ сты Къостайы ахуыргæнинæгтæ, йæ комкоммæ фæдонтæ. Нугзар куыд дзырдта, афтæмæй «Ирон фæндыр» уыд йæ уарзондæр чиныг. Ууыл дзурæг у, æппынæдзух-иу йæ къухы кæй уыд.
Къоста, ирон адæмы сæрыл тохгæнæг, мæгуыр адæмы сæрхъуызой, поэтæн фæндагамонæг, æппынæдзух сæрбæрзонд кæмæй у, уымæ сиды æххуыссагур: «Кæм дæ, Къоста?». Бæрæг у поэты сфæлдыстадæй, кæй у сæрбæрзонд Ирыстоны сгуыхт фырттæй, алкæмæндæр сæ ары йæ ном, уыдоны ‘хсæн ис Кучиты Юри дæр (æмдзæвгæ «Мæ бæстæ»-йы). Зары Нугзар Ирыстоны царды рæзтыл, йæ размæцыды фæндагыл, йæ егъау æнтыстытыл.
Зæрдæмæдзæугæ дзырдтæй ары Плиты Иссæйы ном æмдзæвгæ «Иссæ»-йы. Хоны йæ Нартæй, Терчы ‘хсар, Сагуæраг, Уадтымыгъ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæдгæмттæ абон дæр нæма байгас сты, стыр фыдбылызтæ æрхаста æппæт бæстæйæн, афтæ, поэты райгуырæн Ирыстонæн дæр, Нугзарæн дæр йæ иувæрсты нæ ахызт. Хорз æмбæрста æрхæсгæ фыдбылызты фæстиуджытæ курдиатджын поэт. Цалдæр æмдзæвгæйы ныффыста, хæсты чи байсæфт, уыдоныл: «Æбæрæг сæфт», «Керч», «Цыдыстæм», «Хæстон æмбалы ингæны уæлхъус» æмæ æндæртæ.
Нугзарæн йæ зæрдæ рыст, гуырдзиаг фашисттæ цы фидмитæ фæкодтой йæ раттæг адæмæн, уыдонмæ кæсгæйæ. 1989 аз – æмхæццæ дуг, нæ хорз сыхæгтæ дыккаг хатт сфæнд кодтой ирон лæджы мыггаг быныскъуыд скæнын… Æрбафсæрстой гæрзифтонгæй, мардтой, надтой, лæбурдтой, æргæвстой, сыгътой.
Тарст æмæ тыхст адæм архайдтой сæхи бааууон кæныныл нæ цæгатаг æфсымæртæм. Кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ тындзыдта йæхи айсыныл. Поэт æмбæрста, адæмы фæлидзыны хъуыддаг хорзыл дзурæг кæй нæу, æмæ сæм фысгæ дæр ныккодта сидты гæххæтт, æмдзæвгæ «Æргом фыстæг лигъдонтæм»:
«Кæны уæм судзгæ сидт мæ рыст уд.
Зæххыл æмæхсæвæджы сыстут —
Уæ хъæумæ ‘рыздæхут,
Кæм ыстут?!.»
Курдиатджын поэт хорз æмбæрста: æнæ кæстæр цард нæй, хорз сомбонæн æрцæуæн нæй. Æнæкæрон уарзтæй кæй уарзта сабиты, уый ирдæй зыны йе сфæлдыстады. Æмдзæвгæ «Сабитæ куклатæй хъазынц»-ы зæгъы:
«Дуне! Фыдлæджы фæнд басæтт.
Разын нымдзæрдæ æххæст…
Сабитæ куклатæй хъазынц,
Сабитæ ма зонæнт хæст».
Поэты фæнд у, цæмæй зæххыл хæст макуыуал уа, рæзой сабитæ æнæмæт, æнæмастæй. Царды цухдзинад мацæмæй æййафой. Егъау бынат æрцахста курдиатджын поэты сфæлдыстады зæххы рæсугъддæр фæзындтæй иу – уарзондзинады лирикæ, бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста уарзондзинадыл, цалдæр æмдзæвгæйы дзы заргæ дæр кæнынц. Уыдон сты «Чызгайы сагъæс», «О, сауцæст чызджытæ» æмæ æндæртæ. Уарзондзинад базырджын у, нал фæуыны йæ алфамбылай уарзæгой зæрдæ.
Йе сфæлдыстадæн ис егъау хъомыладон нысаниуæг. Æмдзæвгæты рæнхъыты ирдæй зыны, поэт йæ райгуырæн бæстæйæн, йæ адæмæн кæй снывонд кодта йæ царды фылдæр рæстæг. Кæстæртæн амоны: «Райгуырæн бæстæ уарзын хъæуы, ныййарæгæн аргъ кæнын хъæуы, сгуыхты фæзмын хъæуы, худинаг æмæ æвзæрдзинады ныхмæ та тох хъæуы».
Ацы аз йе ‘нусон бæстæм ацыд Бахъаты Нугзары бинойнаг Нартыхон, рухсаг уæд. Нугзарыл 2024 азы 25 сентябры сæххæст уыдаид 90 азы, хъыгагæн, абон нæ фарсмæ нал ис, фæлæ йæ ном æнустæм баззайдзæн йæ уарзон ирон адæмы зæрдæты.
Джиоты Раисæ, Хуссар Ирыстон














