Сосланы мысынæн

0
32

Дзæуджыхъæуы Хъуылаты Бадзийы номыл  спортивон галуан «Манеж»-ы 8-9 ноябры уæгъдибар хъæбысхæс-тæй цыдысты Ирыстоны таурæгъон богал Олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты уæлахиздзау Андиаты Сосланы номыл Æппæт-уæрæсеон турниры ерыс-тæ. Турниры архайдтой Уæрæсейы фынддæс регионы минæвæрттæ.

Ерыстæ гом кæныны мадзалы архайдтой: РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур, Олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты уæлахиздзау Фадзайты Арсен, Андиаты Сосланы фырт Георги, ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Омарасхаб Курамагамедов.

Уыдон сæ раныхасы зæрдиаг арфæ ракодтой ерысты архайджытæ æмæ спорт-уарзджытæн. Тускъаты Таймураз йæ раныхасы бахахх кодта, Сослан Ирыстоны хъæбысхæсты сырæзтмæ цы егъау æвæрæнтæ бахаста, фыццагдæр, куыд спортсмен, уый фæстæ та, нæ республикæйы Физикон культурæ æмæ спорты сæргълæууæг уæвгæйæ, уый.

Нæ таурæгъон богал Фадзайты Арсен Сосланы тыххæй загъта: «Махæн
Сослан уыди фæндагамонæг спорты бæрзæндтæм. Уый уыдис, Ирыстоны богæлттæй Олимпиаг уæлахиздзау суæвын фыццагдæр кæмæн бантыст, уыцы спорты хъæбатыр. Æз, æрыгон уæвгæйæ, мæхицæн Сосланы нымадтон фæзминагыл æмæ тырныдтон уый хуызæн спорты æппæты стырдæр нысантæм. Кæд мын исты бантыст, уæд уым ис Сосланы ахадындзинад!»

Андиаты Георги сæ бинонты номæй зæрдиаг арфæ ракодта турнир аразджытæ æмæ спортсментæн. Стыр бузныг загъта, спортуарзджытæ æмæ ерысты саразынмæ йе
’ххуысы хай чи бахаста, уыцы хæрзгæнджытæн. Уыдон та уыдысты Фадзайты Арсен æмæ Мамиаты Чермен, кæцы ныр къорд хатты йæхи хардзæй скæны турниры сæйраг лæвар – автомобиль «Лада Гранта». Уыцы лæвар райсы, Андиаты Сосланы уæзы (125 кг онг) фыццаг бынат чи рамбулы, уыцы богал.

Ерысты дæс уæзы архайдтой 240 богалы, æмæ се ’хсæн уыди къорд зындгонд хъæбысæйхæцæджы.

Ирыстойнаг богæлттæ æдæппæтæй рамбылдтой 20 хæрзиуæджы. Уыдонæй цыппар сты сыгъзæрин, фондз æвзист, иуæндæс та бронзæ майдантæ.

Сыгъзæрин майдантæй хорзæхджын систы: 61 кг – Гобаты Артем (тренер Дзагкойты Алан), 70 кг – Быгъуылты Зауырбег (тренертæ  Æрчъегкаты Тотрадз, Дудайты Эльбрус æмæ Æрчъегкаты Георги), 74 кг – Дзукъаты Роберт (тренер Санаты Георги), 86 кг – Хæдзарæгаты Азæмæт (тренер  Р.Куксов).

Æвзист майдантæ рамбылдтой: 57 кг – Зассеты Давид, 65 кг – Уалыты Эльбрус, 79 кг – Хъоцыты Амур, 92 кг – Наниты Славик, 125 кг – Дзæгъиаты Сослан.

Бронзæ майдантæ рамбылдтой: 57 кг – Алексей Антипин, 61 кг – Сохъырты Георги, 65 кг – Къомайты Фарнæг æмæ Исмаил Умашев, 70 кг – Бекъойты Давид, 74 кг – Дзираты Алан, 86 кг – Найфонты Алан æмæ Тыджыты Зауырбег, 97 кг – Таугазты Ирбег, 125 кг – Дзугаты Давид æмæ Хуыгаты Алан.

Иннæ уæзты уæлахиздзаутæ систы æмæ сыгъзæрин майдантæ райстой: 57 кг – Магомед Абдурахманов (Бетъырбух), 65 кг – Муслим Сайдулаев (Цæцæны Республикæ), 79 кг – Динислам Болуров (Хъæрæсе-Черкесы Республикæ), 92 кг – Юсуп-Хаджи Айдаев (Цæцæны Республикæ), 97 кг – Килаб Мусаев (Цæцæны Республикæ), 125 кг Зелимхан Хизриев
(Бетъырбух).

Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ хорзæхджынгонд æрцыдыс-
ты: майдантæ, кубоктæ, грамотæтæ æмæ æхцайы лæвæрттæй. Уымæй уæлдай ма, уæззау уæзы фæуæлахизуæвæг, Бетъырбухы номæй хæцæг цæцæйнаг богал Зелимхан Хизриев райста турниры сæйраг лæвар – автомобиль «Лада Гранта».

РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур
ерысты ацыды тыххæй загъта: «Æхсызгон у, нæ таурæгъон богал Андиаты Сосланы номарæн турнир цыппор æхсæзæм хатт арæзт кæй æрцыд, уый. Турнирмæ Уæрæсейы регионтæй æрбацæуæг командæты уыдысты сæ тыхджындæр богæлттæ. Æрмæстдæр Дагестан æмæ Ирыстоны командæты нæ уыдысты сæ тыхджындæртæ. Турнир рауад цымыдисаг, фæлæ мах фæндыд, цæмæй нæ богæлттæ хуыздæр рахæцыдаиккой. Ерысты ацыд та нын ногæй равдыста, нæ уæгъдибар хъæбысхæсты скъолаты куыстмæ ивддзинæдтæ бахæссын кæй хъæуы, уый. Ууыл нæ бахъæудзæн зæрдиагæй бакусын».

 

Баскаты Уырызмæг,къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here