«PRO Кавказ»: зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас, цымыдисаг фембæлдтытæ

0
301

Æртыккæгæм Дунеон медиафорум «PRO Кавказ»-ы куыст цыппæрæмы ахицæн РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фембæлдæй Цæгат Кавказы медиаæхсæнады минæвæрттимæ. Ныхасы архайæг уыдысты дзыллон хабархæссæг фæрæзты разамонджытæ, журналисттæ, блогертæ æмæ иннæ специалисттæ.

Дыууæ боны дæргъы дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ, политологтæ æмæ æхсæнадон архайджытæ, эксперттæ æмæ иннæ специалисттæ бæстон æрдзырдтой медиафæрæзты абоны уавæрыл, журналистикæ æмæ йемæ комкоммæ баст къабæзты дарддæры райрæзтыл. Уыимæ, форумы фæзуаты аккаг бынат разынд, рæстæг рæгъмæ цы ахсджиаг фарстатæ хæссы, уыдонæн дæр: дзыллон информацийы мыхуырон фæрæзты тыхстаг хъуыддæгтæ, æрхъуыдыгонд интеллект æмæ нырыккон информацион технологитæ æмæ æндæр темæтæ.

Æппæт уыцы фарстатыл ныхас рапарахат ацы фембæлды. Сæрмагонд æргом аздæхтæуыд информацион тыгъдады рацарæзтмæ рæстæджы домæнты аккаг, журналисттæ æмæ пресс-службæты куыстмæ ногдзинæдтæ бахæссынмæ. Уымæй уæлдай, кæй зæгъын æй хъæуы, фембæлды архайджыты фиппаинæгтæ æмæ фарстытæ баст уыдысты Цæгат Ирыстоны дарддæры социалон-экономикон райрæзтимæ дæр.

«Журналисттæ, блогертæ æмæ медиакъабазы иннæ минæвæрттимæ фембæлд цымыдисаг æмæ пайдайаг рауад. Уæлдай æхсызгон уый вæййы, æмæ ахæм фембæлдтыты архайджытæ æргомæй кæй фæзæгъынц сæ хъуыдытæ, бахæссынц бирæ ахсджиаг фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ. Æмæ ацы хатт дæр афтæ рауад. Уый æвдисæн у, не ’хсæн æууæнк æмæ æнгом æмархайд кæй сæвзæрд, уымæн. Форумы архайджытæй бирæтæ фæнысан кодтой, «PRO Кавказ»-ы фæзуаты фембæлдтытæ сын ног фæлтæрддзинад кæй раттой, ног хъуыдытыл сæ кæй бафтыдтой, сæ профессион зонындзинæдтæ сын фæфылдæр кодтой. Уый у медиафорумы куысты æппæты сæйрагдæр бæрæггæнæн. Стыр бузныг форумы æппæт архайджытæ æмæ уазджытæн! Æмæ ног фембæлдмæ «PRO Кавказ»-ы!», – фæстæдæр йæ телеграм-каналы ныф-
фыста Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Зындгонд куыд у, афтæмæй медиафорум ныр æртыккæгæм хатт арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Ацы хатт æмбырды сæйраг темæ уыд «Медиатыгъдады трансформаци: йæ абоны уавæр, йæ тыхстагдæр фарстатæ, йæ райрæзты фадæттæ».

Форумы кадджын уазджытæ æмæ архайджытæ уыдысты Уæрæсейы медиакъабазы зындгонд архайджытæ: æфсæддон журналист, телеканал «Россия»-йы уацхæссæг Александр Сладков, информацион агентад «ТАСС»-ы генералон директоры уынаффæгæнæг Сергей Кузовников, политолог æмæ политтехнолог, коммуникацион холдинг «Минченко консалтинг»-ы президент Евгений Минченко, УФ-йы Æхсæнадон палатæйы цур ног уæрæсейаг регионты фарстаты фæдыл координацион советы æмсæрдар Александр Малькевич, журналист æмæ телеуынынады амонæг Игорь Прокопенко, телеканал «Россия-24»-йы уацхæссæг Дмитрий Щугорев, Фыццаг каналы равдыстыты амонæг Александр Смол, политолог, æфсæддон эксперт Александр Храмчихин, корпораци «Кавказ.РФ»-йы коммуникациты фарстаты фæдыл директор Татьянæ Баева, медиатехнолог Алексей Бабков æмæ иннæтæ.

Форумы сæйраг информацион партнер уыд информацион агентад «ТАСС».

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here