Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ!

0
18

Æрбахæццæ та, сæрмагонд удварнон хъомысæй хайджын чи у, нæ адæмы уыцы сæйрагдæр æмæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Джеоргуыба.

Сæдæгай азты дæргъы ацы бæрæгбон ирд æвдисæн у адæмы  æнгомдзинад æмæ хæлар ахастдзинæдтæн, нæ рагфыдæлты удварнон хъæздыгдзинæдтæ æмæ рæсугъд æгъдæуттæ хъахъхъæнинаг кæй сты, фæлтæрты бастдзинад æнæфехæлгæ кæй у. Рагæй-æрæгмæ дæр адæймаджы удыхъæды
хуыздæр миниуджытæ æнгом кæнынц, æнусты дæргъы алы адæмыхæттытæ æмæ динты минæвæрттæ хæларæй кæм цæрынц, Ирыстоны уыцы адæмы.

Ныртæккæ республикæйы хъæбатыр фырттæ удуæлдайæ хъахъхъæнынц Уæрæсейы национ интерестæ. Бæрæгбоны къуырийы дæргъы алкæцы хæ-
дзары дæр сыгъдæгзæрдæйæ кувдзысты Ирыстоныл армдарæг – Сыгъдæг Уастырджимæ, фæдзæхсдзысты йыл нæ хæстонты, курдзысты дзы, цæмæй алы бæлццон дæр сæрæгас æмæ уæлахизимæ йæ хæдзарыл сæмбæла.

Зынаргъ æмзæххонтæ! Парламенты депутатты номæй уын арфæ кæнын! Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, амонд, сабырдзинад, фæрныгад æмæ æнтыстдзинæдтæ уæ алы хъуыддаджы дæр! Дунейы фарн зæгъæд, цæмæй Джеоргуыбайы бæрæгбон махæн суа Райгуырæн бæстæйы сæраппонд фæрныг хъуыддæгтæм разæнгардгæнæг æмæ нæ адæмы иугæнæг!

Ирыстоны цæрджытæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Уастырджийы фæдзæхст ут!

 

Тускъаты Таймураз,Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы
Парламенты Сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here