«Æз ирон чызг дæн»

0
305

Горæтгæрон районы сбæрæг кодтой ирон чызджыты хуыздæрты. Конкурс-фестиваль «Æз ирон чызг дæн» ацыд Цæгат Ирыстоны районты ’хсæн. Октябрыхъæуы Культурæйы галуаны директор Мæхъиты Хадизæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, фестивалы архайæг чызджытæ хъуамæ канд бакастæй рæсугъд ма уой, фæлæ сæ миддунейæ дæр: «Конкурсы архайджытæ, æнæмæнг, хъуамæ хорз зоной нæ адæмы истори æмæ культурæ».

Жюрийы сæрдар – Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары директор Лалыты Хъазыбег æмæ уæнгтæ – Горæтгæрон районы сæргълæу-уæджы хæдивæг Джиоты Янæ, Адæмон сфæлдыстады     республикон хæдзары хайады разамонæг Битарты Ларисæ, Сылгоймæгты комитеты сæрдар Махъоты Иринæ, РЦИ-Аланийы Фæсивæдон парламенты депутат Горæтгæрон районæй Гуыриаты Руслан æмæ районы Культурæйы хæдзары кусæг Саутæты Дзерассæ чызджытæн аргъ кодтой цыппар номинацийы.

Конкурс райдыдта ирон адæмон кафт «Симд»-æй.  Конкурсы архайæг чызджытæ йæ акафыдысты Октябрыхъæуы Культурæйы галуаны кафджыты къорд «Бæркад»-имæ. Чызджытæй алчидæр бацæттæ кодта видеоæрмæг йæ царды тыххæй.

Уыдон радзырдтой сæ бинонтæ, сæ мыггæгты равзæрд, сæ мыггаджы разагъды минæвæрттæ чи сты æмæ кæимæ  æрвадиуæг кæнынц, уый тыххæй. Уымæй уæлдай, равдыстой сæ дæсныдзинад ирон кафт æмæ зардæй, ирон чъиритæ фыцынæй.
Ноджы ма сæ алчидæр фестивалы уазджыты базонгæ кодта нæ адæмон традицитæй иуимæ, бакастысты æмдзæвгæтæ, монологтæ.

Кировы районы минæвар Бететы Альбинæ радзырдта ирон æгъдау – сусæг цыды тыххæй. Горæтгæрон районы минæвар  Агънаты Дианæ – низты бардуагимæ баст æгъдау – Галзилæн Джызæлы куыд сбæрæг кæнынц, уый тыххæй. Æрыдоны районы минæвар Уататы Кристинæ радзырдта, сывæллоны авдæны куыд бабæттынц, уый тыххæй. Ирон сæрбæттæны кад æмæ йын цавæр нысаниуæг ис ирон адæмы царды, туджджынты ’хсæн-иу тох куыд баурæдта, уый равдыста Рахизфарсы районы минæвар Джимиты Агуындæ. Дыгуры районы минæвар Елойты Дианæ радзырдта Сафайы рæхысы нысаниуæджы тыххæй, ног чындз хæдзармæ куы бацæуы, уæд ын куыд фæкувынц, уый. Чындзæхсæвы рæсугъддæр æгъдæуттæй иу у чындзы хыз сисыны æгъдау. Уый тыххæй радзырдта Дзæуджыхъæуы минæвар Тогойты Виктория. Æрæфы районы минæвар Хæмыцаты Аринæ та ма нын нæ зæрдыл æрлæууын кодта, нæ адæмы историйы зынгæ бынат чи æрцахста, Задæлесчы Нанайы уыцы сгуыхтдзинад. Чызджытæй алчидæр йæ радзырдимæ равдыста видеоæрмæг дæр.

Жюрийы фæндонмæ гæсгæ, фыццаг бынат бацахста Æрыдоны районы минæвар Уататы Кристинæ, дыккаг бынат саккаг кодтой  Горæтгæрон районы минæвар Агънаты Дианæйæн, æртыккаг бынат – Æрæфы районы минæвар Хæмыцаты Аринæйæн.

Конкурсы уæлахиздзаутæн лæвæрд æрцыдысты æхцайы премитæ, Кады гæххæттытæ æмæ сæрмагонд дипломтæ.

Ацы фестиваль ахъаз у æрыгон чызджыты ’хсæн нæ адæмы истори æмæ культурæмæ цымыдис-дзинад рæзын кæнынæн. Сылгоймаг царддæттæг у, хъомылгæнæг, æмæ, ирон хæдзары цы миниуджытæ, зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинадæй пайда кæны, уый равдыстой конкурсы архайджытæ.

Бæрæгбон сæ аив кафт æмæ зардæй срæсугъд кодтой студи «Бæркад»-ы доулистты æмæ кафджыты къордтæ, сæ разамонджытæ – Хосроты Альберт æмæ Елизаветæ, нæ республикæйы зындгонд артисттæ Сохъуырты Валери, Джихаты Рустам æмæ Медойты Аслан.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here