Номдзыд скульптор Тауаситы Сослæнбеджы райгуырды 130 азы бонмæ
Цæгат Ирыстон æмæ Башкирийы адæмон нывгæнæг, Советон Цæдисы Паддзахадон премийы лауреат Тауаситы Дафайы фырт Сослæнбеджы рай-
гуырдыл 25 декабры сæххæст 130 азы. Номдзыд скульптор йе сфæлдыстадон фæндагыл фæндзай азæй фылдæры дæргъы стыр æвæрæн бахаста канд ирон аивадмæ нæ, фæлæ нæ бирæнацион бæстæйы аивады хæзнадонмæ. Йе сфæлдыстады ирдæй зынынц фыдыбæстон аивады хуыздæр миниуджытæ: бæрзонд удварн, гуманистон здæхт, граждайнагдзинад æмæ патриотизмы арф æнкъарæн.
Тауаситы Сослæнбег райгуырд бирæсывæллонджын бинонты ’хсæн Дыгургомы, хохаг хъæу Фæснæлы. Ам арвыста йæ сывæллоны бонтæ. Скульпторы зæрдæйы уæлдай ирддæрæй баззадысты Нарты кадджытæ æмæ таурæгътæ.
1905-æм азы Сослæнбеджы раттой Дзæуджы-хъæуы реалон училищæйы цæттæгæнæн къласмæ. Горæты цард сæ дард хæстæг Гоститы хæдзары. Уырдæм арæх æмбырд кодтой революцион зондыл хæст фæсивæд. Быцæуныхас кодтой, адæймагæн æхсæнады цы бынат ис, сæрибардзинад, æфсымæрдзинад æмæ æндæр хъуыддæгтыл. Уыдæттæ Сослæнбеджы зæрдæйы æвзæрын кодтой ног рухс царды бæллицтæ. Ахуырмæ йæм ам дæр уæлдай тырнындзинад нæ уыд, фæлæ ныв æмæ скульптурон сурæттæ кодта бирæ æмæ зæрдæхцонæй. Уый йæ фыд Дафайы зæрдæмæ нæ цыд, нæлгоймаджы хъуыддагыл æй нæ нымадта. Лæппу йæ ахуыр адарддæр кодта Баталпашинскы гимназы. Уым ын бафиппайдтой йæ курдиат нывкæнынадмæ. Уæды рæстæджы гимназы сæргъы лæууыди Хъесаты Г.М. – 1905-æм азы революцион цауты архайæг. Уый гимназæн йæхи мидæг байгом кодта аивадон студи, æмæ дзы ахуыр кодтой зæрдæргъæвддæр гимназисттæ. Уыдонимæ уыд Тауаситы Сослæнбег дæр. Студийы канд ныв кæныныл нæ ахуыр кодтой, фæлæ дзы истой зонын-дзинæдтæ дунеон аивадон культурæйы историйæ. Ам арæзтой равдыстытæ дæр. 1916-æм азы лæппу æнтыстджынæй каст фæцис ацы ахуыргæнæндон æмæ йæ фæндыд æфсады баслужбæ кæныны фæстæ зæрдиагæй аивадимæ йæ цард сбæттын. Фæлæ… Стыр цаутæ æрцыд нæ бæстæйы – Октябры социалистон революци æмæ граждайнаг хæст. Уыцы цаутæм фæрсæрдыгæй кæсын йæ бон нæ уыд. Æнæ рахъуыды-бахъуыдыйæ бацыд революциондемократон парти «Кермен»-ы рæнхъытæм. Уый Цæгат Ирыстоны сæвзæрд 1917-æм азы октябры мæй. Тауаситы Сослæнбег ссис Цæгат Кавказы Октябры революцийы фæуæлахизыл тохгæнджыты æвзыгъддæртæй иу. Граждайнаг хæсты азты уыд Сырх Æфсады къордтæ аразджыты курдиатджындæртæй иу.
Ирæттæй цы хæстон къорд арæзт æрцыд, уый командæгæнæг уæвгæйæ, Тауасийы-фырт йæ къордимæ Бичерахы-фырты контрреволюцион æфсадæй уæгъд кодта Мæздæг æмæ Хъызлар.
1919-æм азы йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Ирыстоны фыццæгты æмрæнхъ Сослæнбег хорзæхджын æрцыд хæстон Сырх Тырысайы орденæй. 1920-æм азы мартъийы Уæлахизы бон куы ‘рцыд, уæд дæр Тауасийы-фырт йæ хæцæнгарз нæ бафснайдта. Революцион къордтимæ ахызт Гуырдзыстонмæ æмæ уым архайдта Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны Советон хицау-дзинад æрфидар кæныныл тохты.
1923-æм азы августы, Хæххон облæстон комитеты уынаффæмæ гæсгæ, Бетъырбухы Нывкæнынады академимæ æрвыст æрцыд курдиатджын ирон фæсивæды къорд, уыдонимæ Сослæнбег дæр. Ам Тауасийы-фырт ахуыр кодта зындгонд советон скульптор А. Матвеевы æрмадзы. Уымæн йе сфæлдыстадон мадзалы миниу-джытæ ирдæй зындысты йæ педагогон архайдыл. 1927-æм азы Сослæнбег каст фæци Нывкæнынады академи æмæ арха-йын райдыдта Мæскуыйы стыр равдыстыты. Цæрын æмæ кусын дæр райдыдта Мæскуыйы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ революцион-сæрибаргæнæн идеалтæ, адæймаджы тыххæй йæ хъуыдытæ, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд сгуыхтдзинад равдисын Сослæнбег хæзнайау фæхаста йæ царды æмæ йæ равдыс-та йæ уацмысты. Уымæн æвдисæн у йæ дипломон
куыст «Чермен». Сослæнбег уыдис, Ирыстоны адæмон хъайтары фæлгонц фыццаг хатт чи равдыс-та, уый. Уыцы куыстæн стыр аргъ скодта Тугъанты Махарбег: «Дунейыл æххæссæг бæрзонд идеятæ хуымæтæг, тыхджын формæты æвдисын уыдис æрмæст курдиатджын, генион адæймæгты бон. Уыцы миниуæг ис Тауаситы
Сослæнбеджы «Чермен»-ы». Тугъанты Махарбеджы сразæнгард кодта уыцы куыст æмæ афæдзы фæстæ адæмон хъайтар Чермены фæлгонц равдыста йæ аивадон уацмысы.
«Чермен» Сослæнбегæн уыдис хъайтарон фæлгонцтæ æвдисыны райдайæн. «Чермен»-ы фæстæ фæзынд композици «1919-æм азы Дыгургом хъахъхъæнæг керменисттæ» (1928). Ацы куыст дзурæг у граждайнаг хæсты тызмæг бонтыл. Уым архайдта автор йæхæдæг дæр.
Героикон-романтикон ахаст ис йæ иннæ композици «Хохæгты тох советон хицаудзинадыл»-æн. Тохы романтикæ æмæ ног цардаразæн куысты пафос ис композици «Интернационалон куыст», Мæскуыйы центрон стадион «Электрикæ»-йæн. Сырх Æфсады Центрон хæдзары ног агъуыст фæлгонц кæныны конкурсы архайгæйæ, Тауаситы Сослæнбеджы къухæй рацыд ног композици «Октябры Уæлахиз» (1932-1933).
20-æм æмæ 30-æм азты Сослæнбеджы сфæлдыс-тады ахсджиаг бынат ахсынц «Хохаджы портрет» æмæ «Адæмон мастисæг». Уыдон сты ирд, лæджы-хъæдджын фæлгонцтæ, ис сæ эмоционалон æндæвдады тых.
Сослæнбегæн æнтыстджын разындысты вазыгджын 40-æм æмæ 50-йæм азтæ. Æвæллайгæ сфæлдыстадон куысты фæстиуæг уыдысты «Мастисæг», «Уæлахиз», «Размæ, уæлахиз мах у!» Сослæнбег уæлмонцæй куыста монументалон скульптурæты проекттыл. Фрунзейы горæтæн А.М. Фрунзейы, Уфайæн – Салават Юлаевы цыртдзæвæнты проекттæ 1946-æм азы æвдыст æрцыдысты Æппæтцæдисон аивадон равдысты. Уыцы хуызы куыстмæ хауы Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, æфсады инæлар Плиты Иссæйы цыртдзæвæн (1952 аз). Бронзæ бюст-портрет æвæрд æрцыд Дзæу-джыхъæуы астæу Хæххон аграрон университеты бацæуæны. Ирыстоны культурон царды зынгæ фæзынд уыд хæсты фæстæйы азты Дзæуджыхъæуы Ирон академион театры размæ Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæны байгом. Тауаситы Сослæнбег цыртдзæвæн сарæзта архитектор Гайнутдиновимæ. «Уый у советон хицаудзинады азты Советон Цæдисы адæмты национ культурæйы архайджыты монументтæй иу», – фыс-той центрон прессæйы.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы, эвакуацийы Башкирийы уæвгæйæ, Тауасийы-фырт сарæзта национ хъайтар Салават Юлаевы фæлгонц. Архитектор И. Гайнутдиновимæ ссæдз азæй фылдæр куыста йæ монументыл. Йæ къухы бафтыдысты бæрзонд монументализм, мидæггаг динамикæ æмæ пластикон æххæст формæ. Башкираг адæм дзы сæ таурæгъон хъайтары ирдæй кæй уынынц, цыртдзæвæнæн йе стырдзинады нысаниуæг æрмæст уый нæу, фæлæ, Уфайы горæты идейон-аивадон бындур æмæ башкираг адæмы нысан кæй ссис, уый. Салаваты фæлгонц у романтикон, дзаг у хъомысджын тых æмæ мидæггаг æндыгъдæй. Цыртдзæвæны модель фыццаг хатт æвдыст æрцыд 1949-æм азы Мæскуыйы Æппæтцæдисон аивадон равдысты, Уфайы та æвæрд æрцыд 1967-æм азы. Тауаситы Сослæнбегæн уыцы аз йæ цыртдзæвæны тыххæй лæвæрд æрцыд Аивæдты академийы сыгъзæрин майдан, 1970-æм азы та – Советон Цæдисы Паддзахадон преми.
Салават Юлаевы бæхджын монумент специалисттæ банымадтой 20-æм æнусы монументалон скульптурæйы хуыздæр æнтыстытæй иуыл. Башкираг адæм дзы уый тыххæй стыр бузныг сты æмæ йын саккаг кодтой Башкирийы адæмон нывгæнæджы кадджын ном.
Башкирийы зындгонд поэт Мустай Карим Тауаситы Сослæнбеджы тыххæй фыста: «Æз нæ Салаваты цыртдзæвæн федтон æмæ сфæнд кодтон йæ саразæгыл гимн æмдзæвгæтæй ныффыссын. Фæлæ, Тауасийы-фыртимæ куы базонгæ дæн, æмæ нывкæнынад æмæ поэзийы арæнты тыххæй быцæуныхас кæнын куы райдыдтам абоны аивады тыххæй, уæд, раст зæгъгæйæ, романтист цæуылнæ дæн, зæгъгæ, мæхицæн загътон – ахæм уæрæх миддунейы хицау разынд уыцы ирон хъуыдыгæнæг, йæ зонды бæрзæндæй æрмæст йæхи хæхты цъуппытæ чи нæ уыны».
20-æм æнусы стыр скульптор Тауаситы Сос-лæнбеджы сфæлдыстадон бынтæ бирæ сты. Кæд ыл дзæвгар азтæ цыд, уæддæр дзаг уыд ног сфæл-дыстадон бæллицтæй. Æмæ йын сæ кæд мæлæт бамынæг кодта, уæддæр цæрдзæнис йæ бирæ уацмысты. Стыр нывгæнæгæн йæ уацмыстæ канд национ нæ, фæлæ æппæтадæмон кæй свæййынц, уымæн æвдисæн – Тауаситы Сос-лæнбеджы сфæлдыстад.
КОСТЫ Юля, аивадиртасæг














