Фыдæлæй байзæддаг – хуыздæр

0
304

Фæрниаты Дзаххотæн – хæствæллад лæгæн, кад уыд йæ хъæубæстæ æмæ мыггаджы ‘хсæн. Рæстæгæй чи фæбур, уыцы хæстон билет æмæ хæрзиуджыты фарсмæ ныр сты йæ хъæбулы хъæбултæ Хъазыбег æмæ Аланы – сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонты хæрзиуджытæ. Æмæ цал ахæм бинонтæ ис Ирыстоны?.. Æхсæнады хæс у уыдоны ном арын, кад сын кæнын, дæнцæгæн сæ хæссын.

Уый фæстæдæр, хæстæн йæ цæхæры уæвгæйæ, хистæр сержант Фæрниаты Мæцыхъойы фырт Дзаххот хорзæхджын æрцыд майдантæй «За оборону Ленинграда» æмæ «За победу над Германией». Ныр та ма уал æрыгон лæппу Фыййаджыбылы скъолайы 5-æм кълас каст фæуыны фæстæ райдыдта хыгъдхæссæгæй кусын бынæттон колхозы. Уæдмæ æрцыд йе ‘фсадмæ цæуыны рæстæг, æмæ йæ цардбæллон лæппу кад æмæ радимæ сæххæст кодта, службæ та кодта 19-æм арæнхъахъхъæнæг къорды æхсæгæй. Йæ службæ кæронмæ куы ‘рхæццæ, уæд райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Дзаххот хæцыд тæссагдæр рæтты, уыимæ, Ленинграды æрхъулайы. Æстай æстæм арæнхъахъхъæнæг къорды ‘хсæг хайады командир кæй уыд 1944 азы, уый базыдтам йæ сырхæфсæддоны чиныджы фыстытæй, сбæрæг, лæгæвзарæн бонты цы уæззау уавæрты хæцыдысты, уый дæр, фæлæ уыцы уæззаудæр рæстæг дæр паддзахады цавæрфæнды хъуыддаджы дæр æфсæддон фæткæвæрд тыхджын æмæ ахадгæ кæй уыд. Дзырдæн зæгъæм, амынд дзы сты, сырхæфсæддон Фæрнийы-фырт цыбыр кæрц, батинкæтæ, флягæ, плащ æмæ къæхтыл тухгæ хъуымац цы бон æмæ азы райста, стæй сæ фæстæмæ кæд ратта, уыдæттæ. Коммунистон партийы рæнхъытæм æй райстой 1943 азы, уый дæр базыдтам, нырмæ дæр йæ кæстæртæ æфснайдæй кæй дарынц, уыцы документтæй. Афтæмæй, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Дзаххот хæцыд йæ райдайæнæй йæ кæронмæ – 1941 азы июлæй 1945 азы маймæ, фæлæ ма цалдæр азы баззад æфсады рæнхъыты … Æмткæй райсгæйæ, йæ службæ ахаста фараст азы.

Дзаххоты цоты кæстæр Аслан æмæ йæ бинойнаг Зарифæйæн æртæ фырты рантыст. Чи уыд уый æнхъæл, æмæ æрцæудзæн уыцы рæстæг, сæ хистæр Хъазыбеджы хотых райсын кæд бахъæудзæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ нацизмы ныхмæ кæй хæцдзæн. Йе ‘фсæддон хæс сæххæст кæныны фæстæ йæ фарсмæ ‘рбалæууыд астæуккаг æфсымæр Алан. Сæ дыууæ дæр нæ уарзынц хæсты тыххæй дзурын, фæлæ цы хæрзиуджытæй хорзæхджын æрцыдысты («Жуковы майдан», «Суворовы майдан», «Сыгъдæг Георгийы ордены – Георгийы Дзуары 4-æм къæпхæн» æмæ «Ирыстоны намысæн»-ы майдан – Хъазыбег; Алан та – «Сыгъдæг Георгийы ордены – Георгийы Дзуары 4-æм къæпхæн», «Сыгъдæг Георгийы «Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады майдан», майдантæ «За боевые отличия», «За помощь в бою», «За спасение погибающих», «За укрепление боевого содружества»), уыдон фенгæйæ, адæймагмæ фæзыны ахæм хъуыды: фыдæлты фарн мæрдтæм нæ цæуы. Æфсымæрты кæстæр Инал ахуыр нæма фæцис, фæстаг курс ма йын баззад кæронмæ ахæццæ кæнынмæ, фæлæ йæ ныййарджытæ Зарифæ æмæ Асланæн, уæлдайдæр та се ‘нхъæлцау чындз Зæринæйæн (Хъазыбегæн, хæсты уæвгæйæ дæр, бантыст бинонтæ æрхæссын) ныфс æмæ зæрдæдарæн у, цалынмæ йæ дыууæ ‘фсымæры адæмы сабыр цард хъахъхъæнынц, уалынмæ ауды бинонтыл. Рæстæгæй-рæстæгмæ дыууæ хæстоны ссæуынц сæ уарзон хъæубæстæм, сæ бинонтæм, фæкæсынц хæдзары хъуыддæгтæ аразынмæ, сæ кæстæр æфсымæры та фæцалх кодтой машинæтæм зилынæн зонындзинæдтæ исыныл. Фæстæмæ здæхыны рæстæг куы ‘рцæуы, уæд бынтон нынкъард вæййынц æфсин æмæ чындз. Уыцы рæстæг сын Инал вæййы ныфсы хос.

Мады зæрдæ ‘хсайы хæсты быдыры йæ хъæбултæм, куы арынчын вæййынц, зæгъы Зарифæ, уæд сын ацамонын, цы хос скæной, уый. Йæ фырттæ æмæ се ‘мбæлттæм цыбыр æмгъуыдмæ йæ тыхтæ сног кæныны фæстæ хæстон хаймæ чи фездæхы, уыимæ сын арвиты хæдзары конд хæринæгтæ. Гуманитарон æххуыс сæм фæхæццæ, кæм кусы, уыцы Фыййаджыбылы астæуккаг скъолайæ дæр. Телефонæй сæм фæдзуры, куыд стут, зæгъгæ, сæ бафæрсы. Хæсты хабæртты тыххæй сæ никуы бафæрсы, кæд мады зæрдæ йæхи къултыл фæхойы, уæддæр. Хъазыбег æмæ Алан январы гуырдтæ сты, хистæр – мæйы дыккæгæм бон, кæстæр – 29-ы. Тохы быдыры дæр кæрæдзи фарсмæ сты, иумæ хæцынц. Зарифæйы стырдæр бæллиц та у, цæмæй хæст тагъддæр фæуа, æмæ йæ хъæбултæ, æппæт мадæлты хъæбултæ ‘гас хæдзæрттæ ссарой æмæ, цы чысыл хъæбулы фæзындмæ ‘нхъæлмæ кæсынц, уый кæхцы циндзинадмæ сæрыстырæй сæмбæлой уæлахиздзаутæ.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here