«Фат-Агро» – егъау равдысты архайæг

0
223

«Картоф. Халсартæ. Дыргътæ» – ахæм равдыст ныр дыккаг хатт сарæзтой Мæскуыйы равдыстыты центр «Крокус-Экспо»-йы. Ныхас дзы цæуы картоф, халсартæ æмæ гагадыргътæ æрзайын æмæ бакусыны нырыккондæр технологитыл. Цæгатирыстойнаг компани «Фат-Агро» дзы æвдисы хи конд селекцийы картофы хуызтæ «Садон» æмæ «Спринтер».

Зæхкусджытæ æмæ ахуыргæндтæ цымыдисæй зонгæ кæнынц картофы ног хуыз «Алани»-имæ дæр. Æнæмæнг, ацы азы селекцион æнтыстдзинад паддзахадон реестрмæ хаст æрцæудзæн. «Равдысты архайджытæн хорз фадат ис алы фарстатыл аныхас кæнынæн, картофы мыггаг самал кæнынæн, дæргъвæтин контракттæ бафыссынæн», – фехъусын кодта компани «Фат-Агро»-йы минæвар.

Хæрын æмæ садзыны картофимæ баст сæйрагдæр фарстатыл ныхас кæндзысты цалдæр боны. Фысымтæ бацæттæ кодтой хъæздыг æмæ хъуыддаджы хорз программæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here