Æртхъирæны мæй — афæдзы дыккаг мæй — февраль. Уый дæр у латинаг ном. Амоны хи ссыгъдæггæнæн. Рагон Ромы ацы мæй раздæр уыд афæдзы райдайæн, æмæ-иу зæронд азæй сæхи сыгъдæг кодтой. Ацы динон бæрæгбон та хуынд «Фебруарий» — ссыгъдæггæнæн. Уымæ гæсгæ фæзынд мæйы ном февраль.
Ирон адæм та йæ зонынц «æртхъирæны мæйæ». Дзырд «æртхъирæн» цы амоны, уый бæрæг у, фæлæ мæй афтæ цæмæн хуыйны, кæмæ æртхъирæн кæны, уый алчи нæ зоны. Уый фæдыл ис сæрмагонд таурæгъ. Куыддæр февраль кæронмæ фæцæйхæццæ кæны, афтæ адæм уалдзæджы комулæфт банкъарынц æмæ зымæгмæ зынæрвæссон цæстæй акæсынц, нал дзы фæтæрсынц. «Зымæгæн йæ хъару фæци — цигайнаг йæ кæрц уæймæ рахаста», — афтæ арæх фæзæгъынц.
Кæддæр, дам, февралы фæстаг бон фыййау бацин кодта, зымæджы кæрон кæй æрцыд, ныр йæ фосæн æххормагæй фесæфæн кæй нал ис, ууыл. Миты бын цъæнут дæр хæрдзысты, зæгъгæ. Æмæ уадындзы хъæлæсæй базарыд. Уый февралмæ хъыг фæкаст, цæуылнæ мæ тæрсы, зæгъгæ, æмæ йæм бартхъирæн кодта, фæлæ йын йæ бон ницыуал уыд, — йæ рæстæг фæци. Уæд æрхатыд мартъимæ, æр-
куырдта дзы æртæ боны, фыййауæй йæ маст райсынæн, æз, дам, ын йæ фос æххормагæй фæцæгъдон. Ратта йын æртæ боны мартъи… Уыцы æртæ боны ахæм хъызт-тымыгъ скодта, æмæ йæ фындз дæр æддæмæ ничи радардта. Фыййау æрхъуыдыджын разынд. Хæлын дзæкъулы гæды нывæрдта æмæ йæ фосдарæн скъæты бæрзонд сауыгъта. Гæды иудадзыг архайдта дзæкъулæй раирвæзыныл æмæ, хæлыны хыбар-хыбурæй тæрсгæйæ, фос æртæ æхсæв-боны сынæр не сцагътой æмæ не сæххормаг сты. Афтæмæй аирвæзтысты.
Гъе, уымæ гæсгæ фæзынд æртхъирæны мæй. Ирон адæм ма йæ хонынц комахсæны æмæ фæндагкъулгæнæн мæй дæр. Ном «комахсæн» у динимæ баст, «фæндагкъулгæнæн» та амоны, хæхбæсты бирæ мит кæм уарыд, уым фæндæгтæ акæныны рæстæг.
Цгъойты Хазби














