Рагæй-æрæгмæ Елхот Ирыстоны хъуыстгонд у куыд хъæбатырты хъæу. Æмæ уый, æвæццæгæн, дзæгъæлы нæу. XIX æнусы 30-æм азты куы æрбынæттон Æрджынарæджы дымæджы, уæдæй XX æнусы 40-æм азтæм елхотæгтæ сæ лæгдзинадæй сæхицæн кад скодтой.
Елхоты историйы ахæм цау фыст ис. Цæвиттон, нудæсæм æнусы цыппорæм азты кæрон Дагъистан æмæ Цæцæны имам Шамилы æфсæдтæ æрбахæццæ сты Æрджынарæгмæ. Сæ фæнд уыдис, Елхоты бакомкоммæ Терчы галиу фарс цы хъазахъхъаг станицæ æрбынæттон, уый адæмы ныццæгъдын. Не сразы сты елхотæгтæ æнæхуынд уазджыты цæугæдоны сæрты ахизыныл, хæларæй кæимæ цардысты, уыцы хъазахъхъæгты бафхæрын бауадзыныл. Хъæбатырæй æрлæууыдысты лæбурджыты ныхмæ, аргъæутты дзуринаг та фæцис Чеджемты Хурсины лæгдзинад, кæцы иунæгæй æнæхъæн къордæн лæвæрдта ныхкъуырд. Сыхаг кæсгон адæм дзæгъæлы не схуыдтой Елхоты «Емылык хъуажа» — æнæбасæттон хъæу.
Фыдæлты фарн, зæгъы, мæрдтæм нæ цæуы. Нæ фегад кодтой елхотаджы ном нæ хъæбатыр хистæртæ Донайы хæсты (1877-1878 азтæ). Агънаты Сослæнбег (Къозе), Едзаты Тего, Габысаты Æмзорыхъо, Къубалты Дзеда æмæ ма бирæтæ сæ лæгдзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыдысты Уæрæсейы паддзахы бæрзонд хæрзиуджытæй. Уæдæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг дæр елхотæгтæн сæ нæмттæ айхъуыстысты æгас Советон Цæдисыл æмæ ма ахæццæ сты суанг фæсарæнтæм дæр. Карсанты Хъазыбег æмæ Милдзыхты Хадзымырзæ райстой Хъæбатыры нæмттæ. Рох не сты Бесаты, Къубалты, Бæройты фæндзгай æфсымæртæ, кæцытæ сæ цард нывондæн æрхастой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд.
Ирон лæджы, елхотаджы ном кадимæ чи фæхаста, уыдонæй иу уыдис Дойаты Уырысхан. Бахæццæ размæбырсæг Сырх æфсадимæ суанг фашистон Германы сæйраг горæт Берлинмæ æмæ 1945 азы зæрдæвæрæны мæйы фыццаг бонты уым фæмард фыдгулы нæмыгæй.
Уыцы æвирхъау хабар Елхотмæ фыццаг схаста Уырысханы хорз æмгар æмæ æмхъæуккаг Дзиуаты Хатæхцыхъо (Хъыби). Хæсты размæ дæр хæларæй цардысты Дзиуатæ æмæ Дойаты бинонтæ. Хъысмæт афтæ саккаг кодта, æмæ Уырысхан Хъыбиимæ Берлинмæ бахæццæ сты иу æфсады сконды, фæлæ алы хæйтты, кæрæдзи дæр-иу арæх федтой.
Чи уыдис, уæдæ, Дойаты Уырысхан? Йе ‘мдугонтæ куыд дзырдтой, афтæмæй райгуырд хуымæтæг зæхкусæджы хæдзары. Уыдис зæрдæргъæвд, ахуырмæ — рæвдз. Ирыстоны советон хицаудзинад куы æрфидар, уæд бацыд ФÆЛКЦ-йы рæнхъытæм. Ивгъуыд æнусы 20-æм азты кæрон та ссис Коммунистон партийы уæнг.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæнмæ Уырысхан уыдис стыр бинонты хицау, хъæуы æмæ районы — нымад, дзырддзæугæ советон, партион æмæ æхсæнадон кусæг. Хæсты райдайæны фыццаг бонты Дойы-фырт бархийæ ацыд хæцæг æфсады рæнхъытæм æмæ бахæццæ, уæлдæр куыд загътам, суанг Берлинмæ.
Ам мæ фæнды иу хъуыды фæбæлвырддæр кæнын. Советон Цæдис халджытæ æз фæраздæронæй цъыфкалæн кодтой СЦКП-йыл. Йæ рæстæджы уый тыххæй ныхас кодтам Дзиуаты Хъыбиимæ. Кæддæры партион кусæджы, хæсты рæстæг та ротæйы старшина, батальоны партионты разамонæг куыд дзырдта, афтæмæй-иу атакæйы цæуынмæ фыццаг сыстадысты коммунисттæ æмæ фæскомцæдисонтæ. Уыдонæн-иу бабар кодтой уæлдæр командыгæнджытæ бæрнондæр хæстæ.
1945 азы æртхъирæны мæйы Дойаты афицер Уырысхан фæцис уæззау цæф. Мæйæ фылдæр фæрахау-бахау кодта æфсæддон рынчындæтты. Куы
фæсæрæндæр, уæд хуымгæнæны мæйы йын раттой рæстæг баулæфынæн, æмæ ссыд Ирыстонмæ, йæ райгуырæн Елхотмæ. Дыккаг бон бабæрæг кодта Дзиуаты бинонты, радзырдта сын, кæм æмæ куыд фембæлд Хъыбиимæ, кæй йæ ныууагъта сæрæгасæй, йæ лæгдзинады тыххæй йын кæй кодтой стыр аргъ куыд командиртæ, афтæ салдæттæ дæр. Радзырдта ма Сырх æфсады сгуыхтдзинæдты тыххæй, кæй бахæццæ сты, хæст кæцæй рацыд, уыцы Берлинмæ… Банкъардтой Дзиуаты хистæртæ, Уырысханы зæрдæйы цыдæр тасдзинад кæй ис, уый.
Йе ‘мгары уыцы миддунейы катай бамбæрста Хъыби дæр, Уырысхан фæстæмæ йæ æфсæддон хаймæ куы ныздæхт, уæд. Берлины уынгты цыдысты карз хæстытæ, кæрæдзи-иу арæх абæрæг кодтой дыууæ æмгары, дыууæ елхотаджы. Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн! Фашистон Германы сæрхъуызойтæ сæ къухтæ куыд хъавыдыс-ты æрæвæрынмæ састы бынаты баззайыны тыххæй гæххæтты, афтæ Хъыбийæн фехъусын кодтой йе ‘рдхорды фæмарды хабар. Полчъы командыгæнынадæй бар ракургæйæ, ацыд сыхаг æфсæддон хаймæ. Сæмбырд сты Уырысханы æмтохгæнджытæ, ирон хæстонтæ, цæмæй хъæбатыр афицеры афæндараст кæной йе ‘нусон фæндагыл. Ирыстоны иузæрдион хъæбул Дойаты Уырысхан ныгæд ис Берлины æфсымæрон ингæны. Йæ фарсмæ уым мæрдфынæй кæнынц нæ уæды егъау Фыдыбæстæйы алы адæмыхæттыты минæвæрттæ.
Нал ис абон не ‘хсæн Уырысханы æрдхорд, нæ бæстæйы иузæрдион хъæбул, зынгзæрдæ коммунист, цыппæрдæс хъæбулы фыд Дзиуаты Хатæхцыхъо дæр. Хъысмæт ын саккаг кодта æрмæст 73 азы фæцæрын. Йæ кæстæртæн зæрдылдарынæн баззадысты йæ хæстон æмæ фæллойадон хæрзиуджытæ, уыдонимæ – салдаты Намысы II-аг æмæ III-аг къæпхæны ордентæ. Куыд-иу дзырдта кæстæртимæ фембæлды рæстæг, афтæмæй стыр цæугæдон Волгæйы былгæрæттæй суанг Берлины онг тынг бирæ æрыгон фæсивæд раттой се ‘взонг удтæ Фыдыбæстæйы сæраппонд. Уыцы æнæстъалы хъæбатырты номимæ тох кæнынц абон нæ хæстонтæ неофашизмы ныхмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы. Уæлахиз сæ къухы кæй бафтдзæн, ууыл гуырысхо ничи кæны.
КЪУБАЛТЫ Солтан, ССР Цæдис æмæ Уæрæсейы
Журналистты цæдисты уæнг














