Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло «Кавказ. РФ»-йы генералон директор Андрей Юмшановимæ фембæлгæйæ, æрныхас кодта Алагиры районы хæххон лыжæтыл бырæн курорт «Мамысон» байгом кæныныл.
Фембæлды ма архайдтой республикæйы æххæстгæнæг хицаудзинады æмæ курорты арæзтадæн бæрнон минæвæрттæ. РЦИ-Аланийы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бахæццæ сты егъау курорт байгом кæныны нысанмæ. «Хъуамæ æппæт ахсджиаг фарстатыл лæмбынæг æрныхас кæнæм. «Мамысон» хъуамæ байгом кæнæм аккаг уавæрты», – загъта Сергей Меняйло.
Æппæт Цæгат Ирыстон æмæ Цæгат Кавказæн ахсджиаг чи у, уыцы цау алы цæрæгæн дæр хъуамæ суа зæрдылдаринаг. Ныхасы архайджытæ рæгъмæ рахастой сæ фæндæттæ, хъуыддаджы нысантæ. Куы йæ байгом кæной, уæд лыжæтыл бырджытæ рахиздзысты хæххон трассæтæм, рæтæнтыл фæндаг дæр уыцы бон байгом уыдзæн.
Æмбырды архайджытæ ма дзырдтой курорты техникон цæттæдзинады тыххæй дæр. Андрей Юмшанов фæбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, Артаг æмæ энергетикæйы министрады, фæрæзтæдæттæг куыстуæтты, инженерон æмæ коммуналон инфраструктурæ аразæг организациты архайд. Куыд загъта, афтæмæй, донисæн скондтæ саразгæйæ, «Мамысон» ифтонг у донæй, уæдæ газы хæтæлтæ курортмæ фæхæццæ сты Зæрæмæгæй. Тагъд дзы фæзын-
дзæн газдихгæнæн станцæ. Дыууæ уæлдæфвæндаг æмæ дæлстанцæйы арæзтад бар
дæттынц курорт электрон тыхимæ баиу кæнынæн.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг
æмæ Хицауады пресс-службæ














