Ветерантæн – æххуыс

0
366

Цæгат Ирыстоны цæрæг адæм сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн дарддæр
æххуыс кæнынц.

Фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы регионалон хайады кусджытæ хæсты фæсахъатуæвæг адæймæгтæн сæ домæнтæм гæсгæ сын цæрæнуат рацаразыны хъуыддаджы æххуыс кæнынц. Цæрæнуат райсыны фæдыл курдиат æппæтæй раздæр чи барвыста, уыдонæй иу уыд сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Валерий Васильев. Бæстæйы Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артуры æххуысæй, рацарæзты программæмæ гæсгæ, ифтонггæрзтæ райсыны
куыст фæрæвдз.

Валерий ногæй хæдтулгæ скъæрынхъом кæй уыдзæн, æрæджы дæр ма йæ уый нæ уырныдта. Бадын куыд хъæуы, уæззау цæфы фæстæ, ууыл Валерийы ногæй ахуыр кодтой. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветераны ныхасмæ гæсгæ, ног цардыл сахуыр уæвын райдайæны зын уыд.

– Цы мыл æрцыд, уæззау цæф фæуæвыны хæдфæстæ, уый нæма æмбæрстон. Кæй фæсахъат дæн, фæстæдæр уый рахатыдтæн. Райдайæны афæдзы æрдæджы дæргъы мæ бон сынтæгæй коляскæмæ рахизын дæр нæ уыд. Фыццаг хатт коляскæйы куы æрбадтæн, уæд дæс секунды фæстæ
бауадзыг дæн æмæ ахаудтæн. Къæпхæнгай сынтæджы æмæ коляс-кæйыл бадын сахуыр дæн. Ныртæккæ мæ бон у алыхуызон спортивон фæлтæрæнтæ дæр кæнын, – зæгъы Валерий.

Нæлгоймаг ногæй кусынхъом цæмæй суа, уый тыххæй йын стыр æххуыс бакодта йæ узæлæг цардæмбал. Медиктæ-иу Валерийы кæм дзæбæх кодтой, йæ цардæмбал-иу ахæм горæттæм æрбацыд, фысымуæтты-иу цард æмæ æппæт гæнæнтæй йæ мойæн æххуыс кодта.

Æрæджы Валерийы бахастой сæрмагонд æфсæддон операцийы фæсахъатуæвæг архай-джытæн цæрæнуæтты рацарæзты программæмæ. Фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы хайад нæлгоймагæн ратта удæнцой стъол æмæ сæрмагонд колонкæ. Ацы дзаумæтты фæрцы
сахъат адæймаджы цард иуцасдæр фенцон.

– Зынтæй чи цæуы, æвзæр чи уыны æмæ хорз чи нæ хъусы, цæрæнуæтты рацарæзты программæ сарæзтой сæрмагонд æфсæддон операцийы уыцы ветерантæн. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæсахъатуæвæг архайджытæ нæм цæрæнуæтты рацарæзтæн æрбарвыстой фараст курдиаты. Адонæй авд курдиаты баххæст кодтам, – зæгъы амынд хайады разамонæджы хæдивæг Гецаты Маринæ.

– Ныртæккæ кусын Дзæуджыхъæуы администрацийы. Ам кусынæн мын æппæт æмбæлгæ уавæртæ сарæзтой. Иннæты хуызæн райсомæй изæрмæ куысты вæййын. Куысты хæстæ æххæст кæнгæйæ, компьютерæй алыхуызон документтæ саразын. Æнæниздзинады цыбыргонд гæнæнтимæ адæмæн горæты администрацийы ис удæнцой уавæртæ, – зæгъы Валерий.

Ныридæгæн Дзæуджыхъæуы администрациимæ, республикæйы Донæфсисады куыстуат, стæй Фæллой æмæ социалон рæзты, Ахуырад æмæ наукæйы министрадтимæ бадзырд сфидаргæнæг фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы регионалон хайад Васильевæн куыст раттынæн баххуыс кодта.

Дзыллæтæн ногæй пайда кæныны фадат кæй фæрцы ис, сæрмагонд æфсæддон операцийы алы архайæгæн дæр ног куыст нымад у ахæм ног цардмæ къахдзæфыл.

Бедойты Кристинæ, Вадим Ганжа

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here