Ивгъуыд къуырийы кæрон Уæрæсейы Президенты Администрацийы Разамонæджы фыццаг хæдивæг Сергей КИРИЕНКО кусæг балцы уыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны. Кремлы минæварæн уыд, дарддæры æмархайд æмæ лыггæнинаг фарстатыл иумæйаг хъарутæй бакусыныл бæстон ныхас кæм цыд, ахæм фембæлдтытæ дыууæ республикæйы разамонджытимæ…
Ирыстонмæ йæ балцы райдайæны Сергей Кириенко бабæрæг кодта мемориалон комплекс «Зæдты горæт» æмæ ссардта, Беслæны фыццæгæм скъолайы арæзт террористон фыдракæнды чи бабын, уыцы адæм æмæ, амынæтты ирвæзын кæнгæйæ, чи фæмард, спецназы уыцы службæгæнджыты рухс нæмттæ.
Фæстæдæр Президенты Администрацийы бæрнон кусæг æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло базонгæ сты цæстдарæн-уадзæн пункт «Дæллаг Зæрæмæг»-ы куыстимæ. Уæрæсейы паддзахадон арæныл цы ахсджиаг инфраструктурон тæлм æрбынæттон, уый сæйраг цæг у дыууæ бæстæйы транспортон бастдзинады, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æнгомдзинады вазыгджындæр «дадзин».
Таможня æмæ Арæнхъахъхъæнæг службæты, æндæр федералон æмæ регионалон ведомствæты минæвæрттæ кæм архайдтой, уыцы æмбырды архайджытæ æрдзырдтой уадзæн пункты куыст зынгæ фæнывылдæр кæныны фарстатыл, цæмæй бæлццон адæм, паддзахадон арæныл цæугæйæ, къаддæр рæстæг хардз кæной. Уыимæ, уыцы нысан къухы хъуамæ бафта хæстæгдæр
рæстæг.
Æмбырды фæстæ Сергей Кириенко журналисттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй Президент Владимир Путины уынаффæйæ уадзæн пункт «Дæллаг Зæрæмæг»-ы бындурон рацарæзтæн дихгонд æрцæудзысты зынгæ фæрæзтæ. «Уадзæн пункты модернизацийы проект цæттæ
уыдзæн афæдзы кæронмæ, 2028 азы та хъуамæ байгом уа, йæ хъару зынгæ фылдæр кæмæн
уыдзæн, ахæм нырыккон цæстдарæн-уадзæн тæлм. Кæй зæгъын æй хъæуы, рацарæзты æртæ азы иу бон не сты. Ахæм уавæрты фарста æвæрд цæуы, цæмæй цалцæджы куыстыты фæтк афтæ дæсны арæзт æрцæуа, æмæ «Дæллаг Зæрæмæг»-ы архайд ма фæкъуыхцы уа. Бацархайын хъæуы, цæмæй фæндаггон адæмы удæнцойæн, уæзæгтæ æмæ бæлццæтты ласæн транспорты цыдæн уадзæн пункты уа зæрдæзæгъгæ фадæттæ», – бафиппайдта Президенты Администрацийы минæвар.
Уырдыгæй Сергей Кириенко æмæ делегацийы иннæ уæнгтæ сæ фæндаг акодтой Хуссар Ирыстонмæ.
Уæрæсейаг уазджытæн Цхинвалы цы фембæлдтытæ сарæзтой, уыдонæй иу уыд Хицауады
хæдзары республикæйы Президент Гаглойты Аланимæ. Ныхасы архайджытæ æркастысты Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æмгуыстад æнгомдæр кæныны фарстатæм. Сæрмагонд æргом аздæхтæуыд Инвестицион программæйы уагæвæрдтæ æмæ æндæр иумæйаг проекттæ æххæст кæнынмæ.
Тагъд рæстæг Цхинвалы байгом уыдзæн уæрæсейаг «Промсвязьбанк»-ы хайад. Уый фæрцы зынгæ фæнывылдæр уыдзæн республикæйы финансон къабазы архайд. Фыццаджы-фыццагдæр та, амынд банчы дæлхайад байгом кæныны уынаффæ уыдзæн хуссарирыстойнаг пенсиисджыты удæнцойæн. «Зындгонд куыд у, афтæмæй, Уæрæсейы граждайнад кæмæ ис æмæ Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыцы адæмæн сæ пенситæ 1 майæ фæстæмæ æрвыст цæудзысты банчы картæ «Мир»-мæ. Афтæмæй, ныр уыцы адæмы Дзæуджыхъæумæ цæуын нал бахъæудзæн, банчы картæтæ райсыны фадат сын фæзындзæн «Промсвязьбанк»-ы цхинвайлаг хайады», – радзырдтой Хуссар Ирыстоны Хицауады. Уæрæсейаг делегацийы уæнгтæ бабæрæг кодтой, «Промсвязьбанк» кæм æрбынæттон уыдзæн, уыцы
бæстыхай æмæ фысымтимæ æрдзырдтой банчы дæлхайад байгом кæнынмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл.
Кусæг фембæлдтытæй уæлдай, фысымтæ æмæ уазджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты, Уæрæсейаг сабырдзинадтауджытæ æмæ æндæр цыртдзæвæнтыл. Фæстæдæр Сергей Кириенко æмæ Гаглойты Алан уыдысты Куадзæны бæрæгбоны кадæн ракуывды цхинвайлаг аргъуаны.
Хуссар Ирыстоны цæрджытæн Куадзæны арфæтæ ракæнгæйæ, Сергей Кириенко фехъусын кодта Владимир Путины иннæ ахсджиаг уынаффæ дæр. «Æрбахæццæ кæны нæ уарзондæр æмæ ахсджиагдæр бæрæгбæттæй иу – Уæлахизы бон. Ацы хатт мах бæрæг кæндзыстæм не Стыр Уæлахизы 80 азы. Уыцы табуйаг бæрæгбон зæрдыл даргæйæ æмæ, Хуссар Ирыстоны адæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизмæ цы стыр бавæрæн бахастой, уымæн кад кæнгæйæ, Президент Путин йæ фестауæрцы фондæй республикæйы алкæцы хъæу æмæ скъолайæн дæр радих кодта фæйнæ 1 милуан сомы. Уыцы фæрæзты фæрцы базилæн уыдзæн хæстон мемориалтæм, музейты эскпозицитæм, бакæнæн уыдзæн æндæр хъæугæ куыстытæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты Хуссар Ирыстоны цæрджытæ цы æгæрон хъæбатырдзинад æмæ Райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинад
равдыстой, уымæн рохгæнæн нæй», – загъта Сергей Кириенко.
СЛАНТЫ Аслан