Ссæдзаздзыд беслæйнаг хъæбатыр

0
163

Советон Цæдисы Хъæбатыр Иван Макары фырт Недвижайы райгуырдыл хъуамæ ацы аз апрелы сæххæст уыдаид сæдæ азы, фæлæ уыдонæй фæцард æрмæстдæр ссæдз. Фыдыбæстæйы сæрвæлтау асыгъд хæсты цæхæры йæ рæзгæ уд. Хайады командæгæнæг, сержант, нæ бæллыд æфсæддон суæвынмæ. Чысылæй тынг уарзта ныв кæнын. Фæлæ йæ бæллиц йæ къухы нæ бафтыд, 16-аздзыдæй йæ бахъуыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ æрлæууын.

Хæстон сгарæджы фæндæгтæ райдыдтой Хъырымæй æмæ фесты Карпатты. Кæмыты хæцыд, уым алы ран дæр ныууагъта, Райгуырæн бæстæ уарзыны, æхсар æмæ лæгдзинады фæд. Иван Недвижай бафæзмыдта Александр Матросовы сгуыхтдзинад. Ныфсхаст æмæ æхсарджын сгарæг Иван Макары фырт Недвижайæн уыцы сгуыхтдзинады тыххæй лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном йæ мæлæты фæстæ.

Иван райгуырд 1925 азы Стъараполы зылды, станицæ Новая Григорьевкæйы. Фæстæдæр йæ бинонтимæ æрцардысты Беслæны, ам 1937 азы каст фæци 2-æм скъолайы 6 къласы. Дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Грознайы æрмдæсныты  училищæмæ, уый фæстæ куыста Грознайы æфсæнвæндаджы депойы.

Æхсæрдæсаздзыдæй бархийæ ацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ æмæ 1942 азы сентябры хæцыд фронты. Знаджы ныхмæ тохты архайдта  Фæскавказаг, Цæгаткавказаг фронтты, 1944 азы – Приморскы Сæрмагонд æфсады, уый фæстæ – 4-æм Украинаг фронты.

Хъырымы-Неберджаевскы районы карз тохты хæххон æхсæн дивизийы штабы комендантон ротæйы архайгæйæ, йæхи æвзыгъд æмæ сæрæнæй кæй равдыста, уый тыххæй йын 1943 азы 31 октябры лæвæрд æрцыд майдан «Æхсардзинады тыххæй».

1944 азы, Хъырым суæгъд кæныны тохты архайгæйæ, Херсонесы сынæгыл фистæг æфсады сгарæг Иван бахъуызыд знаджы фæсчъылдыммæ. Уым базыдта, знаджы æфсæддон тыхтæ кæй цæуынц денджызы ’рдæм æмæ ракетæ æхсæнæй фæнысан кодта йæхиуæттæм. Знаджы ‘фсæддонтæ йæ бафиппайдтой æмæ йын, æхсæз салдатимæ иунæгæй тохгæнгæйæ, бантыст йæхионтимæ баиу уæвын. Дарддæры ныббырсты ма ныддæрæн кодта иу къухæйæхсгæ пулемет (нæмыгæхсæн) æд салдæттæ. 1944 азы 21 июны хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй.

Скæсæн-карпатон ныббырсты операцийы, 897-он хæххонæхсæн полкъ бахызт чехаг-польшæйаг арæнтыл æмæ, 1-аг гвардион æфсадимæ архайгæйæ, бырста Санокы горæты хуссæртты, фидаргонд хъæу Гурнтæм хæстæг.

Полчъы æфсæдты размæ цыды хъыгдардта æртæ зениткæйы иудадзыг æхст. Кæстæр сержант Недвижайæн фараст сгарæгимæ  раттой уыцы бынатæй æхсæг зениткæты ныддæрæн кæныны бардзырд. Къорд сæм хæстæг бахъуызыд æмæ сыл, гранаттæ нызгъалгæйæ, дыууæ зениткæйы ныхъхъус кодта. Сæ нæмгуытæ фесты æмæ уæд кæстæр сержант Недвижай, цы зениткæ ма дзы баззад, уый йæхи ног æхсынмæ куы цæттæ кодта, уæд ын йæ хæтæлыл йæхи
баппæрста къухæй йæ иуварс акæнынмæ, фæлæ, йе ‘мбæлттæн кæд фæндаг фегом кодта, уæд йæхæдæг та уым хуысгæйæ баззад, аскъуыд йæ хъæбатыр рæзгæ уд. Баныгæдтой йæ горæт Санокæй 17 километры хуссар-скæсæны ’рдæмдæр хъæу Воля-Петровайы. Фæстæдæр ын йæ мард баныгæдтой горæт Санокы мемориалон уæлмæрды.

Немыцаг-фашистон лæбурджыты ныхмæ тохы йæ хæстон хæстæ фæзминагæй æххæст кæнгæйæ, æхсар æмæ хъайтардзинад кæй равдыста, уый тыххæй 1945 азы 24 мартъийы ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы Указмæ гæсгæ кæстæр сержант Иван Макары фырт Недвижайæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном.

Йæ хъæбатырдзинад нæ рох кæнынц фæстагæттæ. Беслæны йæ ном хæссы, кæм ахуыр кодта, уыцы 2-æм скъола, йæ номыл ис уынг. Йæ номыл ма уынг ис Грознайы дæр.

Æрмæг бацæттæ кодта

Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here