Бынæттон хиуынаффæйады бæрæгбоны агъоммæ Рахизфарсы районы администрацийы разамонджытæ Фрайты Сослан æмæ Мырыкаты Хъазыбег æрхъуыды кодтой сæ раздæры кусджыты.
Мадзал арæзт æрцыд районы Культурæйы галуаны райдзаст бæстыхæйттæй иуы, цы уазджыты æрбахуыдтой, уыдонмæ ам зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты, се ‘рбацыдмæ сын сæвæрдтой «адджын» фынгтæ.
Фрайты Сослан æмæ Мырыкаты Хъазыбег зæрдиаг арфæтæ ракодтой администрацийы раздæры кусджытæн сæ бирæвæрсыг ахсджиаг архайды тыххæй. Беслæны бæллæхы фæстæ, уыдоныл æвæрд æрцыд тынг уæззау уаргъ, æмæ йæ уæхскуæзæй хастой, сæ размæ æвæрд хæстæ æххæст кодтой бæрнонæй. Алчидæр дзы стыр æвæрæн бахаста районы кад бæрзонддæр æмвæзадмæ сисыныл, йæ социалон-экономикон уавæрыл дзы уыдонæй алкæй
къухдзæф дæр ис, уымæй рахизгæйæ та ма хъомысджынæй архайдтой районы æхсæнадон царды дæр.
– Абон дæр фæсивæдимæ хъомыладон куыст кæнут, æмæ уын уый тыххæй дæр стыр бузныг. Бирæ ма нын цæрут æнæниз æмæ æнæмастæй, уæ кæстæрты хуртæй райгондæй. Мах та, нæ бон цы у, уымæй архайдзыстæм, Рахизфарсы районы кад дæлæмæ не ‘руадзыныл, сымах фæлтæрддзинадæй пайда кæнгæйæ, – загътой фысымтæ уазджытæн.
Бæрæгбон та æнæ лæварæй нæ вæййы, æмæ уымæн дæр бынат уыдис – кадджын уазджытæй алкæмæн дæр йæ зæрдæ барухс кодтой Кады гæххæтт, дидинджыты баст æмæ зынаргъ лæварæй.
БАСКАТЫ Эльзæ














