Фыццаградон æргом – профилактикон куыстмæ

0
371

Фæстаг дыууæ азы дæргъы тарнизæй рынчын адæмы нымæц Цæгат Ирыстоны 34 проценты фæкъаддæр. Тарниз æмæ æндæр карз хæцгæ низты ныхмæ тохыл ныхас цыд, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис цы æмбырд сарæзта, уым.

Æмбырды сæйраг доклад скодта Фтизиопульмонологийы республикон клиникон центры сæйраг дохтыр Кобесты Николай. Медицинон кусæндоны разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, тарниз парахат кæныны ныхмæ профилактикон æмæ дзæбæхгæнæн мадзæлттæ иумæйаг уавæрыл хорзæрдæм ахадынц. «Рынчынты нымæц азæй-азмæ къаддæргæнгæ цæуы, сæвзæргæ уавæрмæ ис бæстон цæстдард», – загъта сæйраг дохтыр.

Доклад баххæст кодта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан. «Тарнизы ныхмæ профилактикон мадзæлттæ, рынчынтæм хъæугæ æмæ ахадгæ медицинон цæстдард здахыны фарстатæ иудадзыгдæр сты, алы ведомствæты минæвæрттæ кæм кусынц, ахæм сæрмагонд къамисы боны фæткы. Уыцы структурæйы архайд хъуыддагыл рæстмæ зыны», – загъта министр.

Æмбырды дзуаппон раныхас уыд СПИД æмæ æндæр хæцгæ низтимæ тохы
республикон центры сæйраг дохтыр Тауаситы Валерияйæн дæр.

Профилон ведомствæты минæвæртты хъусынгæнинæгтæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад æмæ иннæ структурæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй бæстон архайд цæуа тарниз æмæ æндæр хæцгæ низтæ сæ райдайæн къæпхæнтыл раиртасыныл, цæмæй цæугæ флюорографтæ æмæ æндæр диагностикон ифтонггæрзты куыст хæццæ кæна дæрддзæф цæрæн бынæттæм дæр.

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here