Цæгат Кавказ: ахадгæ экономикон райрæзты нысантæ

0
225

Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы бонты горæт Минеральные Водыйы йæ куыст кодта Кавказаг инвестицион форум. Дунеон равдысты архайæг уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы делегаци дæр регионы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй.

Форумы кæронбæттæн боны Цæгат Ирыстоны экспозици бабæрæг кодта Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин. Бæстæйы премьер-министр  аккаг аргъ скодта республикæйы инвестицион хъомысæн, зæрдæ бавæрдта дарддæры æппæтвæрсыг æххуысæй.

Цæгат Ирыстоны экономикон райрæзты пъланы уагæвæрдтæ æмæ республикæйы ахадгæдæр инвестицион проектты тыххæй Михаил Мишустинæн
бæстон радзырдтой Сергей Меняйло æмæ регионы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

Республикæйы дарддæры экономикон райрæзты пъланмæ цы ахадгæ инвестицион проекттæ хаст æрцыд, уыдон сæ бынат ссардтой стендыл. Регион форумы архайджыты размæ рахаста 25 ахсджиаг инвестицион проекты (уыдонæй иутыл ныридæгæн куыст цæуы, иннæтæм та бавналдзысты хæстæгдæр фидæны). Амынд проектты иумæйаг аргъ у 160 миллиард сомы бæрц. Сæ нымæцы: курорт «Мамысон», фæлладуадзæн тæлм «Кармадон Village», IT-хъæу, нуазыны дон «Aurus»-ы завод æмæ æндæртæ.

Фæстæдæр Михаил Мишустины разамындæй арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды дарддæры социалон-экономикон райрæзты фарстаты фæдыл хицауадон къамисы æмбырд.

Фембæлды райдайæны премьер-министр куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй форум сси, инвестортæн, амалхъомтæ æмæ хицаудзинады оргæнты минæвæрттæн æмархайды фарстатыл, ахадгæ проекттæ цардмæ рауадзыныл бæстон ныхас кæм рауайы, ахæм фæзуат.

Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты нысантыл докладтæ скодтой Уæрæсейы экономикон рæзты министр Михаил Решетников, арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллин, энергетикæйы министры хæдивæг Петр Конюшенко, компани «Россети»-йы правленийы сæрдар Андрей Рюмин, компани «Газпром межрегионгаз»-ы генералон директор Сергей Густов æмæ æндæр федералон ведомствæты минæвæрттæ. Уыдоны докладтæ баххæст кодтой Цæгат Кавказы регионты разамонджытæ…

Зындгонд куыд у, афтæмæй Кавказаг инвестицион форум арæзт цæуы Уæрæсейы Президент Владимир Путины уынаффæйæ. Ацы хатт равдысты архайджыты нымæц 4 минæй фæфылдæр. Уыдон уыдысты уæрæсейаг регионтæ æмæ 30 фæсарæйнаг бæстæйы минæвæрттæ…

 

СЛАНТЫ Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here