Алцæмæн дæр ис йæ афон

0
180

Темысо райгуырд æмæ цардис Хуымæллæджы хъæуы. Фæстæдæр ралыгъдысты горæтмæ. Уыд уæздан æмæ æгъдауджын адæймаг. Горæты райдыдта кусын. Йæ цот дæр йæ хорз миниуджытæй фæхайджын сты  йæ лæппу Жорикæй фæстæмæ. Уый иннæтæй уæлдай уыд фыдуаг. Скъолайы йæ ахуыр ныууагъта. Радзурын мæ фæнды иу цауы тыххæй.

Мах ме ‘мхæрæфыртимæ ахуыр кодтам 24-æм скъолайы. Иу бон, уроктæ куы фесты, уæд рацыдыстæм уынгмæ. Скъолайы рахизæны, кулдуары рæбын, лæууыд Жорик, йæ къухы – йæ фыды хъама, афтæмæй, æддæмæ чи цыдис, уыдонмæ-иу февзыста. Мæнмæ дæр февзызта хъамайæ. Æз ын æй йæ къухæй райстон, æркæсон æм, зæгъгæ, æмæ цæмæндæр ралидз-балидз систон, Жорик та – мæ фæстæ, афтæмæй. Цасдæр рæстæджы фæстæ æрлæууыдтæн æмæ йын йæ хъама раттон. Уый йыл дыууæ къухæй ныххæцыд æмæ мын дзы мæ риу ныццавта. Хъама риуы ныссагъд, Жорик æй суагъта æмæ мæм кæсы. Æз дæр уынын, мæ риуы хъама куыд ныссагъд, уый, фæлæ æппындæр ницы æнкъарын, рисгæ дæр мæ ницы кæны. Мæ уæлæ уыд зæронд пиджак, мæ къух мæ роны атъыстон æмæ дзы райстон дыууæ чиныджы æмæ тетрæдтæ. Хъама чиныджы æмбисы онг бахызт. Мемæ цы æмбæлттæ уыдис, уыдон æдзæмæй лæууыдысты. Куы бамбæрстой, ницы мын уыдис, уый, уæд худын райдыдтой. Мах та ме ’мхæрæфыртимæ Жорикмæ февнæлдтам æмæ йæ Уруймæгты бæхы над фæкодтам. Хъама рахастам нæхимæ æмæ йæ хосы цъынайы бамбæхстам.

Уый фæстæ Жорик æнæхъæн къуыри махмæ цыд, йæ хъама, дам, агуры мæ фыд. Мах ын фæтæригъæд кодтам æмæ йын æй раттам. Жорик, æхсæв хуыссæны тамако дымгæйæ, бафынæй, афтæмæй сыгъдхъæстæ фæцис. Дохтыры бон ын ницыуал бацис…

Зæгъæн ис, æмæ мæлæтæй иу къахдзæфы бæрц уыдтæн, æниу мын уый фыццаг хатт нæ уыд.

Хуымæллæджы ма цардыстæм, цыдис мыл  иу-æхсæз азы. Сыхы лæппутимæ ацыдыстæм тушканчиктæ ахсынмæ. Иу ран ын ссардтам йæ хуынкъ, белæй къахгæйæ цыдæр хъыррыст фæцыд. Куы йæ ракъахтам, уæд разынд минæ. Мах ыл дуртæ æппæрстам æмæ-иу къуыбыры фæстæ амбæхстыстæм. Уыцы рæстæг нæ фæрсты фæцæйцыд хистæртæй иу лæг. Уый куы федта, цы кусæм, уый, уæд ныл схъæртæ кодта æмæ нæ хъæумæ æрбакодта. Фехъусын кодта военкоматмæ, æмæ уыдон минæйы кой бакодтой. Уый схæцыд, зæгъгæ, уæд махæй æгас ничиуал баззадаид.

Ацы хабар та, æфсады куы уыдтæн, уæд æрцыдис. Æфсады куыстон радиомеханикæй. Агъуысты цы аппаратурæ уыд, уый-иу тынг стæвд, сулæфæн-иу дзы нал уыд сæрдыгон. Иу ахæм тæвд бон уыд мæ рад, радиостанцæйы кусын. Сихормæ хæстæг агъуысты тæвдæй фæлæууæн нал уыд. Æз кæртмæ рацыдтæн, мæ хæдон раластон æмæ, кæрты цы стыр боцкъа уыд донимæ (сыгъдхуыссынгæнджытæ йæ сæвæрдтой), уым мæхи ауагътон, сæр – бынмæ, астæуы онг. Арæх-иу кодтон афтæ. Фаг нæ æруазал дæн, зæгъгæ, ногæй мæхи боцкъайы ауагътон, æвиппайды мæ къухтæ фæбырыдысты, æмæ боцкъайы бынмæ ныххаудтæн, мæ уæрджытæй уæлæмæ ма зындтæн боцкъайæ. Цалдæр хатты бавзæрстон мæхи сæккуырсын, фæлæ дон нæ уагъта, къухæй та уæлæмæ не ’ххæссыдтæн. Афтæ цасдæр рæстæг рацыд. Уыдис сихор хæрын афон. Мæн хъуамæ ме ’мбæлттæй исчи баивтаид, цæмæй хæрæндонмæ ацæуон, уый тыххæй. Æз боцкъайы тухæнтæ куы кодтон, уыцы рæстæг сержант æрцæйкодта ивæг адæмы. Лæппутæй чидæр фæхъæр кодта: «Смотрите! Из бочки торчат ноги!» Уæд сержант загъта: «Быстро, бегите к бочке!» Сластой мæ, мæ уавæр сæ хæрзтæй нæ уыд, дзыхæй дон ракалд, мæхи не ’мбæрстон. Цасдæр рæс-
тæджы фæстæ æрчъицыдтæн, аластой мæ дохтыртæм. Хъуыды ма йæ кæнын, сæрмагонд хайады капитан куыд дзырдта, кæд æй исчи марынмæ хъавыд, йæхæдæг куыд ныббырыд уырдæм, зæгъгæ, дызæрдыг кодта уый. Хуыцау адæймаджы куы нæ мара, уæд вæййы афтæ дæр. Алцæмæн дæр ис йæ афон.

ГУГКАТЫ Ирбег, 

Дзæуджыхъæу

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here