Сæ бавнæлд – æвдадзы хос

0
260

Уæ бон хорз, газет «Рæстдзинад»-ы редакци. Кæд уырыссаг дæн, уæддæр мæ цард Ирыстоны арвыстон, зонын ирон æвзаг, дзургæ дæр ыл кæнын. Ме ‘ппæт хæлæрттæ дæр ирон сты. Æхсæрдæсаздзыдæй райдыдтон бастдзинады хайады кусын æмæ ныр æхсай азмæ ‘ввахс мæ бынат нæма аивтон, адæмы ‘хсæн мын æнцон у.

Мыхуыры фæрæзтæн сæ тиражтæ афæдзæй-афæдзмæ ныллæгдæр кæнынц, æмæ мын уый тынг хъыг у. Мæ хæс у адæмæн газеттæ рафыссын, æмæ мæ куыстыл дæр уый тынг фæбæрæг. Æргътæ – бæрзонд, бирæтæн сæ бон нæу бинонты бюджетæй уыцы æхца радих кæнын. Стæй постхæссæджы бынатмæ дæр ничиуал тырны…

Уæддæр зæрдиагæй архайын, горæты цæрджытимæ кусын, цы пълан мыл æвæрд вæййы, уый сæххæст кæнын. Беслæны «Рæстдзинад» уарзынц. Куысты зындзинæдтæ æнæфæзынгæ нæ фæвæййынц æнæниздзинадыл, æмæ мæн дæр æрæджы бахъуыд дохтырты æххуыс. Сæвæрдтой мæ республикæйы онкологион диспансеры фыццаг хирургион хайады. Разамынд ын дæтты Тобойты Давид. Фидар фæтк сæвæрдта йæ коллективы. Алчидæр дзы архайы рынчыны зæрдæмæ ныфс бауадзыныл, йæ низы ахæстæй йæ фервæзын кæныныл. Алкæмæ дæр тынг зæрдиаг, лæмбынæг каст цæуы. Мæхи тыххæй куы зæгъон, уæд мын операци скодта æрыгон хирург Хосроты Руслан, сызгъæрин къухты хицау. Цалынмæ хайады уыдтæн, уæдмæ мæ алы бон дæр бæрæг кодта, йæ узæлд зæрдæйæ цыди. Йæ халдих у медицинон хо Хадыхъаты Альбинæ – диссаджы фæлмæнзæрдæ дохтыр, йæ бавнæлд æвдадзы хос кæмæн у, ахæм. Бузныг зæгъын мæ фæнды æфснайæг Иннæ Бабешкойæн  – бæрнонæй æххæст кæны йæ хæстæ, сыгъдæгдзинадыл йæ уд хъары.

Æрæджы Медицинон кусæджы бон уыд, æмæ хайады æппæт кусджытæн, ме ‘нæниздзинад фæфидардæр кæныныл зæрдиагæй чи бацархайдта, уыдонæн стыр арфæ кæнын. Амондджын ут, Хуыцауы хæрзтæй – хайджын, чи уæ уарзы æмæ кæй уарзут, уыдоны фæндиаг! Адæмы æнæниздзинадыл архайут, æмæ уæхæдæг низтæй хызт ут!

Æз та дохтырты фæрцы мæ куысты сæргъы æрлæууыдтæн æмæ дарддæр дæр архайдзынæн, цæмæй газет «Рæстдзинад» фылдæр хæдзæрттæм хæццæ кæна.

Владимир КРОТОВ, Беслæн

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here