Бирæ бартæ йæхимæ райста

0
210

Уголовон кодексы 286 статьяйы 3 хайы пункттæ «в» æмæ «е»-йы («Куысты бынаты бартæй фылдæр бартæ химæ райсын») амынд фыдракæнд саразынæй кæй аххосджын кæнынц, нæ республикæйы Прокуратурæ цæгатирыстойнаг хъæу-тæй иуы уыцы сæргълæууæгыл арæзт уголовон хъуыддаджы зылынгæнæг хатдзæг сфидар кодта.

Слестгæнджытæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй, фыдракæнд саразынæй кæй аххосджын кæнынц, уыцы нæлгоймаг, йæхимæ йæ куысты бынаты фылдæр бартæ райсгæйæ æмæ æнæзакъонæй архайгæйæ, бынæттон хиуынаффæйады оргæны кусæг адæймаджы номæй хи зонгæ сылгоймагимæ сфидар кодта цæрæнуаты – фатеры – социалон æххуырстады бадзырд.

Фæстæдæр хи хаст æнæзакъон уынаффæйы бындурыл 2023 азы майы хъæуы сæргълæууæг йæ зонгæ сылгоймагæн фатер иуда-дзыг дзы пайда кæнынæн ратта.

Хицауы бынатахсæг нæлгойма-джы æнæзакъон архайды аххосæй хъæуы администрацийæн æрхас-тæуыд 1,9 милуан сомæй фылдæр зиан.

Уголовон хъуыддаг рагацау æвзарыны рæстæг æнæзакъонæй иппæрдгонд исбон муниципалон иугондæн фæстæмæ раттой.

Зылынгæнæг хатдзæг сфидар кæныны фæстæ прокурор уголовон хъуыддаг барвыста тæрхондонмæ биноныг ыл æрныхас кæнынмæ.

Амынд фыдракæнд саразæг адæймагæн рахæссæн ис 10 азы дæргъы ахæстоны фæбадыны тæрхон.

 

РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here