Районтæ фæхæстæгдæр уыдзысты

0
161

Цæгат Ирыстоны кæронмæ фæхæццæ кæнынц, Алагиры район æмæ Дыгургомы чи баиу кæндзæн,  Транскам-Уæллаг Зджыд-Мæцутæйы фæндаджы уыцы уадз-
дзаджы рацарæзты куыстытæ.

Ныртæккæ фæндагыл цы специалисттæ кусы, уыдон фæндаг цæугæдон Садонкæйы абухæг донæй бахъахъхъæнынæн сæвæрдтой быцæуын фæрсты сæдæгай метртæ. Дуры зæйтæ рацæуынæй тæссаг цы фæхстæй у, уым фæндаджы æдасдзинадæн та айтыгътой 38 мин квадратон метры æндон хыз. Уымæй уæлдай ма, маршрут цы æртæ хъæуыл цæуы, уым ныссагътой 1,9 километры аразгæ рухсытæ, цæмæй дзы суткæйы талынг афон æдасæй цæуæн уа, уый тыххæй.

Проекты фæлгæты ногæй рацарæзтой авд хиды, цæмæй фæндагон амаддзæгтæй дæргъвæтин рæстæг пайдагонд цæуа. Ныртæккæ фæндагыл чи архайы, уыдон бавнæлдтой асфальтбетон уæлцъар æвæрынмæ. Объектыл куыстытæ фæуыдзысты ацы аз фæззæджы. Маршруты туристон гæнæнтæ хынцгæйæ, фæндаг æрмæст дыууæ районы нæ баиу кæндзæн, фæлæ ма ног туристон маршрутты рæзтæн кæй фæахъаз уыдзæн, уымæ гæсгæ республикæйы Транспорт æмæ фæндаджы инфраструктурæйы комитет фæнд кæны фæндаджы дарддæры рацарæзт æмæ йæ фæуæрæхдæр кæнын.

Бутаты Азæмæт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here