Цæгат Ирыстоны Фæллой æмæ социалон рæзты æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадты æмгуыстады фæрцы социалон уагæй хъахъхъæнинаг адæймæгтæн уыдзæн «донпырхгæнæн аргъ»-ы хæрдзтæй фервæзыны фадат.
Донпырхгæнæн хыгъдтæй разы чи нæу, ахæм хъæуккаг адæймæгтæй хицауадмæ æрбафты бирæ хъæстытæ.
Нæдæр цæхæрадæттæ, нæдæр бассейнтæ кæмæ нæй, стæй коммуналон лæггæдты æргътæ (уыимæ – «донпырхгæнæн хыгъдтæ» дæр) зынтæй чи фиды, ахæм пенсиисджытæ æмæ цыбыркъух бинонтæ кæм цæрынц, донпырхгæнæны тыххæй хыгъдтæ ахæм хæдзæрттæм дæр æрбафтынц, зæгъгæ, хъæстыты афтæ фыст ис.
Амынд æууæл нымайгæйæ, регионы цæрæнуатон-коммуналон хæ-
дзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур Цæгат Ирыстоны Фæллой æмæ социалон рæзты министрадæн бафæдзæхста фæкæсинаг адæймæгтæн донпырхгæнæн хыгъды фарста иумæйагæй алыг кæнын.
Донпырхгæнæн хыгъдты фиддонтæ адæмæн ногæй банымайыны фадат цæй бындурыл уыдзæн, нæ республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Абайты Юри социалон хъахъхъæнынады оргæнтæн бахæс кодта социалон уагæй фæкæсинаг адæмæй ахæм курдиæттæ æрæмбырд кæнын.
«Водоканал»-ы специалисттæм бынатмæ хæдбарæй æрбацæуыны æмæ дзы фиддонты бæрц ногæй бахынцыны бар кæй нæй, уый нымайгæйæ, Фæллой æмæ социалон рæзты министрады архайды руаджы уыдзæн фиддонты бæрц ногæй банымайыны фадат.
Донпырхгæнæн хыгъдæй цыбыркъух адæймæгты комкоммæ уагæй нæ фæцух кæндзысты, фæлæ ис цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæн субсидийы æмæ æххуысы æндæр регионалон мадзæлтты фæрцы æппæт коммуналон лæггæдты (донпырхгæнæн хыгъдтæ дæр хынцгæйæ) фиддонты бæрц бæлвырд фæкъаддæр кæныны фадат. Ацы хъуыддаг саразынæн адæймаджы хæс у цæрæнуаты бынатмæ гæсгæ адæмы социалон хъахъхъæнынады оргæнтæм, кæнæ бирæкъабазджын центртæм бахатын.
РЦИ-Аланийы
Цæрæнуатон-коммуналон
хæдзарад, артаг æмæ
энергетикæйы министрады пресс-службæ














