«Æхсарджын Ирыстон»: фембæлд кæронбæттæны архайджытимæ

0
161

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН фембæлд уыд регионалон программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы архайджытимæ. Республикæйы разамонæг проекты архайджытæн арфæ ракодта, æппæт фæлварæнты сæрты æнтыстджынæй ахизгæйæ, ахуырты кæронбæттæнмæ кæй рацыдысты, уый фæдыл.

Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй проекты кæронбæттæн къæпхæны архайджытæн фыццаг ахуырадон семинартæ райдайдзысты августы.

– Уыцы ахуыртæн сæрмагонд программæтæ бацæттæ кодтой Адæмон хæдзарад æмæ паддзахадон службæйы президентон академийы специалисттæ. Уыимæ, ахуыры архайджытæй алкæмæн дæр уыдзæн, йæ куысты фæлдтæрддзинадæй йын чи фæхай кæндзæн, ахæм зондамонæг (уыдон æвзæрст æрцæудзысты Хицауады Сæрдары хæдивджыты, министртæ æмæ сæ хæдивджыты, районты сæргълæуджытæ æмæ хицаудзинады æндæр оргæнты бæрнон кусджыты нымæцæй). «Æхсарджын Ирыстон»-ы программæтыл æнтыстджынæй чи сахуыр кæна, уыдонæн уыдзæн, хицаудзинады регионалон æмæ муниципалон оргæнты, стæй æхсæнадон иугæндты кусгæйæ, сæ зонындзинæдтæ æмæ дæсныдзинад равдисыны фадат, – загъта регионы разамонæг.

«Æхсарджын Ирыстон»-ы архайыны фæдыл курдиæттæ балæвæрдтой 385 адæймаджы. Уыдонæй фыццаг къæпхæныл æвзæрст æрцыдысты 157 кандидаты. Дарддæр программæйы æхсæнадон совет куыста уыцы адæмы курдиæттимæ. Кандидаттимæ фембæлгæйæ æмæ сæрмагонд тесттæ æмæ æндæр фæлварæнтæ саразгæйæ, æхсæнадон советы уæнгтæ равзæрстой программæйы кæронбæттæны архайæг 32 адæймаджы. Уыдон иууылдæр сты Цæгат Ирыстоны цæрджытæ, ис сæм уæлдæр профессион ахуырад. Кандидаттæй æппæты хистæрыл цæуы 52 азы, æппæты кæстæрыл та – 24 азы.

Зындгонд куыд у, афтæмæй регионалон нысанмæ арæзт программæ  «Æхсарджын Ирыстон» йæ тыхы бацыд 2025 азы райдайæны. Йæ сæйрагдæр нысантæ сты сæрмагонд æфсæддон операцийы раздæры архайджыты профессион рæзтæн фадæттæ аразын, хицаудзинады регионалон æмæ муниципалон оргæнтæ æмæ æхсæнадон иугæндтæн  разамонæг кадртæ цæттæ кæнын.

Программæ æххæст кæнынæн фадæттæ сарæзта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администраци.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here