Знон уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Архайдтой дзы Хицауады уæнгтæ, министрадтæ æмæ ведомствæты, стæй районты разамонджытæ. Ныхас дзы цыд ивгъуыд къуырийы куысты бæрæггæнæнтæ æмæ ног нысантыл.
Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ доклады фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.
– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дарддæр дæр архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. Цæгат Ирыстоны 46 хъæуы дарддæр дæр тæссаг у зынгсирвæзтытæй, æххæстгонд дзы цæуы сæрмагонд уавæры 4 къæпхæн. Ивгъуыд къуырийы дæргъы республикæйы фæндæгтыл æрцыд 78 фæндаггон фыдбылызы, хъыгдард дзы баййæфтой 19 адæймаджы, 4 адæймаджы дзы фæмард сты. Транспорты æппæт хуызтæн дæр фадат ис Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтыл ацæуынæн. Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 762 транзитон уæзласæн машинæйы, уыдонæй 685 – сæрмагонд бынæтты. Ивгъуыд къуырийы дæргъы паддзахадон арæныл дыууæрдæм ахызтысты 27 мин автотранспортон иуæджы æмæ 97 мин адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.
Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд къуырийы дæргъы регионы æрцыд 176 фыдракæнды, уыдонæй раргом кæнын бантыст 98.
«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг хайад фехъусын кодта, республикæйы эпидемиологон уавæр нывыл кæй у, уый. Ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ, медицинон уагдæттæм карз тъæнгты инфекциимæ чи бадзуры, уыдоны нымæц фæкъаддæр 20,6 проценты, æрвылазон бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ та – 9,2 проценты къаддæр.
Цæгат Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, льготон хостæй ифтонг кæныны программæйы фæлгæты рафыстой 129 рецепты.
РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрад фехъусын кодта, Ольгинскæйы хъæуы кæронмæ кæй фæхæццæ кæнынц ног донцъирæны арæзтадон куыстытæ. Республикæйы тагъд рæстæджы фæзындзæн 14 уæлæмхасæн донцъирæны. Ныридæгæн æлхæд æрцыд хъæугæ сæрмагонд техникæ. Министрад дарддæр дæр республикæйы хъæуты бæрæг кæны, цæхæрадæттæм дон цас уагъд цæуы, уый. Уый хыгъд æвæрд цæуынц доны бæрц нымайæн прибортæ. Ныридæгæн уал специалисттæ æрзылдысты 3410 хæдзарыл æмæ сæвæрдтой 700 приборы. Зæрдæ æвæрынц, куыстытæ 2026 азы январы мæймæ кæй фæуыдзысты, уымæй.
Сергей Меняйло бафæдзæхста, республикæйы районты культурæйы галуанты кусынмæ райсын астæуккаг профессионалон уагдæтты рауагъдонтæ æмæ студентты. Ноджы ма фæбæрæг кодта, æппæт районты культурæйы галуанты дæр куыст «Пушкинская карта»-мæ гæсгæ куыд цæуа, уый.
– Хъæуы, цæмæй 1 сентябрæй фæстæмæ культурæйы артдзæстыты кусой дæсны специалисттæ. Специалисттæ кæд нæй, уæд та студенттæ. Ахъуыды кæнын хъæуы, дарддæр сæ дæсныдзинад куыд бæрзонддæр кæндзысты, хъæуты кусгæйæ, ууыл, – загъта Сергей Меняйло.
Республикæйы Сæргълæууæг районты разамонджытæн бахæс кодта культурæйы галуантæн сæрмагонд программæ саразын, цæмæй Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион æмæ Вахтанговы номыл Уырыссаг театртæ районты гастролтæ аразой.
Регионы разамонæг разыйæ нæ баззад, программæ «Пушкинская карта»-мæ гæсгæ республикæйæн цы 230 милуан сомы лæвæрд æрцыд, уыдонæй æххæстæй пайдагонд кæй не ’рцыд, уымæй.
Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














