Дæргъæвсы ацы бонты дарддæр йæ куыст кæны студентты форум «Æрыгон». Æмбырды архайджытæ сты, раззагдæр уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ кæнæ рауагъдонтæ чи сты, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй рацæугæ уыцы фæсивæд (æдæппæт 120 адæймагæй фылдæр).
Студентты уæрæх æмбырдæн фадæттæ сарæзтой зонындзинæдты федералон центр «Машук» æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæу-
уæг Сергей Меняйло.
Цæттæгæнæг комитет форумы архайджытæн бацæттæ кодта хъæздыг ахуырадон æмæ хиирхæфсæн программæ: лекцитæ, тренингтæ, мастер-класстæ, фембæлдтытæ æфсæддон службæгæнджытимæ, политиктимæ, амалхъомтимæ, культурæйы, спорт æмæ иннæ къабæзты зындгонд минæвæрттимæ æмæ бирæ æндæр мадзæлттæ.
Уæрæсейаг фæсивæд йæ размæ цавæр нысантæ æвæры? Ахуыр æмæ куысты цавæр бæрзæндтæм тырны? Ацы æмæ æндæр фарстатимæ баст уыд йæ лекци æрыгон политологты æппæтуæрæсеон форум «Дигория»-йы разамонæг Хуыгаты Зауырбегæн. Уæрæсейы дарддæры æнæкъуыхцы райрæзт æмæ уыцы хъуыддагмæ æрыгон фæлтæры бавæрæны тыххæй форумы архайджытæн ныхас уыд УФ-йы Федерацийы Советы цур Нымæцон экономикæйы фарстаты фæдыл советы уæнг, Технологон хæдбардзинады федералон скъолайы бындурæвæрæг Нинæ Яныкинаимæ, нырыккон кинойы аивад фæсивæды цæуыл ахуыр кæны, цавæр «хæзнатæ» сын хæссы сæ зондахастмæ, уый тыххæй та уыд йæ доклад разамынды æппæтуæрæсеон æрмадз «Сенеж»-ы проректор Михаил Канавцевæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, форумы архайджытæм бирæ фарстытæ разынд лектортæ æмæ иннæ эксперттæм. Уыд сæм ахадгæ фиппаинæгтæ æмæ æндæр зæгъинæгтæ дæр.
Ахуырадон мадзæлттæй уæлдай, форумы архайджытæн ис хиирхæфсæн хъæзтыты архайыны фадат дæр. Зæгъæм, уыд сын ерыстæ топпæй æхсынæй, мастер-класстæ ирон кæфтытæй, бæстæзонæн экскурситæ…
СЛАНТЫ Аслан














