Нæ газеткæсджытæ куыд зонынц, афтæмæй ацы бонты Дæргъæвсы йæ куыст кодта студентты форум «Æрыгон». Раззагдæр уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ кæнæ рауагъдонтæ чи сты, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй рацæугæ уыцы фæсивæды минæвæртты зæрдиаг æмæ пайдайаг фембæлдæн фадæттæ сарæзтой зонындзинæдты федералон центр «Машук» æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО.
Цыппар боны дæргъы фæсивæд уыдысты хъæздыг ахуырадон æмæ хиирхæфсæн программæйы архайæг: лекцитæ, тренингтæ, мастер-класстæ, фембæлдтытæ æфсæддон службæгæнджытимæ, политиктимæ, амалхъомтимæ, культурæйы, спорты æмæ иннæ къабæзты зындгонд минæвæрттимæ, бæстæзонæн балцытæ… Форумы архайджытæн уыд Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон хъомысимæ, ахсджиагдæр инвестицион проекттæ æмæ раззагдæр компаниты минæвæрттимæ базонгæ уæвыны фадат дæр.
Ныр, форум куы ахицæн, уæд бæлвырд зæгъæн ис, йæ саразджытæ æмæ архайджытæ сæ иумæйаг куыстæй райгондæй кæй баззадысты, уый.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг, Плиты Иссæйы номыл полчъы командир Гобеты Ибрагим, зонындзинæдты центр «Машук»-ы генералон директор Антон Сериков, æрыгон политологты æппæтуæрæсеон форум «Дигория»-йы разамонæг Хуыгаты Зауырбег, УФ-йы Федерацийы Советы цур Нымæцон экономикæйы фарстаты фæдыл советы уæнг, Технологон хæдбардзинады федералон скъолайы бындурæвæрæг Нинæ Яныкина, разамынды æппæтуæрæсеон æрмадз «Сенеж»-ы проректор Михаил Канавцев, иннæ эксперттæ æмæ уазджытæ фæсивæдæн радзырдтой сæ профессион æмæ æхсæнадон архайды тыххæй, бакастысты сын лекцитæ, сарæзтой сын мастер-класстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, форумы архайджытæм бирæ фарстытæ разынд лектортæ æмæ иннæ эксперттæм. Уыд сæм ахадгæ фиппаинæгтæ æмæ æндæр зæгъинæгтæ дæр.
Фæсивæдон слетæн рагагъоммæ хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло арфæ ракодта центр «Машук»-ы командæйæн, форумы куыст кæй фæрæстмæ, уый тыххæй.
– «Машук»-ы разамынд æмæ специалисттæн бузныг зæгъын, æппæт хъарутæй кæй бацархайдтой ахæм вазыгджын мадзал саразыныл, ирыстойнаг фæсивæды размæ цымыдисаг æмæ пайдайаг хъуыдытæ æмæ проекттæ кæй рахастой, уый тыххæй. Абон ахицæн ныр дыккаг форум. Ныфс мæ ис, «Æрыгон» фæткон кæй суыдзæн, зæрдæргъæвд æмæ хъæппæрисджын ирыстойнаг фæсивæд æрвылазд æр сæ Райгуырæн бæстæйы абоны цард æмæ фæрныгдæр фидæныл ныхас кæй кæндзысты, нæ Фыдыбæстæйы фæрныгдæр фидæны сæраппонд сæ идеятæ æмæ хъæппæристæ рæгъмæ кæй хæсдзысты, уымæй, – бафиппайдта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.
Ног фембæлдмæ, «Æрыгон»!
СЛАНТЫ Аслан














