«Спорты зæхх» – йæ фæллад активонæй уадзын æмæ, спорт чи уарзы, уыдонæн егъау федералон проекты регионалон къæпхæн знон кадджын уавæры байгом Кировы районы Елхоты. Ам æрæмбырд сты спорты архайджытæ республикæйы æппæт районтæй. Мадзалæн ис æппæтуæрæсеон ахадындзинад, къорд азы арæзт цæуы Уæрæсейы Федерацийы Хъæууон хæдзарады министрады хъæппæрисæй паддзахадон программæ «Хъæууон цæрæнбынæтты комплексон рæзт»-ы фæлгæты. Йæ сæйраг нысан у физкультурæ æмæ спорты æнтыстдзинæдтæм разæнгард кæнын хъæуты цæрджыты, се ‘хсæн æнæниз цардыуаг, физикон культурæ æмæ спорт парахат кæнын.
Марафон хаст æрцыд 2025 азы Æппæтуæрæсеон, регионты ‘хсæн æмæ æппæтдунеон физкультурон æмæ спортивон мадзæлтты иугонд къæлиндармæ.
Мадзалы архайджытæ сæ арæхстдзинад æмæ спортивон цæттæдзинад æвдыстой баскетбол, волейбол, футбол, ГТО-йы нормæтæ æххæст кæнынæй, инвалидты, гиртæ исынæй, армхæсты, бинонты эстафетæйы.
Бæрæгбоны архайдтой фæсивæд, астæуккаг æмæ хистæр кары минæвæрттæ, сабитæ (18 азы кæуыл нæма цæуы, уыдон – бинонты командæты), хъæууон командæтæ, спортивон скъолатæ æмæ клубтæ, профессионалон спортсментæ.
Бæрæгбоны архайджытæн арфæйы ныхæстæ æмæ ныстуантæ загътой РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игорь, республикæйы спорты министры хæдивæг Хуадонты Артур, Рахизфарсы районы администрацийы минæвæрттæ. Алчидæр дзы йæ раныхасы бахахх кодта, спорт царды ахсджиаг бынат кæй ахсы, ахъаз у зындзинæдты сæрты хизынæн, адæймаджы цард дæргъвæтиндæр кæй кæны.
Дарддæр дзюдойæ спорты мастер Таймазты Мæдинæимæ скодтой зарядкæ, уый фæстæ райдыдтой ерыстæ. Хъазуатон тох цыди, уæлахизмæ удцыренæй тырныдтой чысылæй-стырæй, æмæ фæссихормæ уæлахиздзаутæ сбæрæг сты. Хъæууон хæдзарады æмæ Спорты министрадты номæй сын лæвæрд æрцыд кубоктæ, майдантæ æмæ кады гæххæттытæ.
Спортивон ерысты регионалон къæпхæны уæлахиздзаутæ сентябры Краснодары крайы Сочийы горæты Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты æппæтуæрæсеон кæронбæттæны.
ГАПБАТЫ Алетæ,
къам систа Татьянæ ШЕХОДАНОВА














