Иухатт ахуыргæнинаг бафарста зæронд лæджы:
– Адæймаг цавæр у, уый куыд базонæн ис? Кæуыл æууæндон, мæхи иуварс кæмæй дарон?
– Фыццаг дын зæгъдзынæн, кæмæй тæрсын хъæуы, – загъта зæронд лæг. – Дæхи хъахъхъæн сабыр, сæрныллæг адæймагæй! Йæ сæрæй дын ныллæг чи кувы, хъæбыстæ дын чи кæны æмæ дын стыр агъ цыма кæны, йæхи афтæ чи дары, уымæй æппæты тынгдæр тæрс!
– Уый та куыд, мæ фыды хай? – дисæй амард ахуыргæнинаг. – Бамбарын ма мын æй кæн, цæмæн?
– Уымæн æмæ дыл уый фыццаг рацæудзæн гадзрахатæй! – арф ныуулæфгæйæ, загъта зæронд.
– Уæдæ кæуыл æууæндон? – бафарста ахуыргæнинаг.
– Æууæнд, йæхи демæ хуымæтæг чи дары æмæ, кæд цыфæнды æнæзæрдæмæдзæугæ у, уæддæр дын рæстдзинад чи дзуры, уыдоныл. Æххуысмæ дæм фыццаг уыдон фæтагъд кæндзысты!














