Ӕæ «Нæ уарзон Ирыстон дидин калæд…»

0
150

Дæргъвæтин хотыхджын ныхмæлæуддзинадæн Хуссар Ирыстоны кæрон æрцыд августы 2008 азы 26-æм бон. Республикæйы историйы бындур æвæрд æрцыд хуссайраг ирæтты царды ног къæпхæнæн. Æххуысмæ æрбацыд Уæрæсе, йæ зæххыл сабырдзинадмæ кæнæг операцийы фæрцы барадон æгъдауæй Хуссар Ирыстон дунейы ссис хæдбар паддзахад.

Альберт – Цхинвалы цæрæг, амалхъом адæймаг:

– Цы нын æрхаста хæдбардзинад? Адæм сулæфыдысты, скуынæг кæнынмæ нæ чи хъавыд, уыдонæй. Хæдбар паддзахадæн ис арæнтæ, лæууынц сыл уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ. Бузныг не стыр æфсымæр Уæрæсейæн йе ‘ххуыс æмæ лæггадæй. Бæллыдыстæм уымæ, цæмæй нæ хæдбардзинад бонæй-бонмæ хъомысджындæр кæна. Хъуагдзинæдтæ цæмæй æййафæм, уымæй нæ фарсмæ Уæрæсе æрбалæууы. Æддагон бастдзинæдтæ фидардæр кæнынмæ здæхт у республикæйы разамынды ‘ргом. Фæнды сæ, архайгæ дæр кæнынц алыхуызон бадзырдтæ бафыссын æмæ ‘ххæст кæныныл.

Уырызмæг – Хуссар Ирыстоны Къостайыхъæуы цæрæг:

– Ныхас дæр ыл нæй, фæхуыздæр нæ цард уæдæй. Ацы бон ссардзыстæм, хæдбардзинады охыл йæ цард чи ратта, уыдоны рухс нæмттæ.

«Фондз боны хæсты» цауты ралæудмæ Цхинвалы районы Цъунары цæрæг Мурманыл цыд ссæдз азы, службæ кодта, хъæуы чи æрбынатон, уыцы æртыккæгæм батальоны.

– Уыцы бонмæ дæр нæ Гуырдзы нæ уагътой сабыр цæрын, æдзух æхстой æмæ мардтой сабыр цæрæг адæмы. Уый уыд царды æцæгдзинад. Алы нæлгоймаг дæр, суанг хæрзæрыгæттæ дæр, сæ хæсыл нымадтой Райгуырæн зæхх бахъахъхъæнын, – зæгъы Мурман. Сæ хъæу уыд, гуырдзиæгтæ хотыхтимæ фыццагдæр кæдæм бацыдысты, уыцы бынат. Æмбæлтты чысыл къордимæ Мурман æхсæвы тары ахызт Зармæ, æмæ, кæд бирæ нæ уыдысты, уæддæр сæ фæнд сæххæст кодтой – бахызтысты пиллон арты судзæг Цхинвалмæ. Горæты нацистты ныхмæ чи æрлæууыд, уыдоны уырнгæ дæр нæ кодта, уырдыгæй ма удæгасæй исчи раирвæздзæн, уый.

Æрыгон лæппу йе ‘мбæлттимæ бахсыст уыцы фыдæвзарæнты. «Цы уын æрхаста хæдбардзинад» фарстæн йæ дзуапп уыд ахæм, зæгъгæ, Хуыцауы фæрцы, ныр адæм цæрын фæразынц, кæстæртæ царды размæ цæуынц. Ацы аз дæр та цæудзысты бæрæгбоны мадзæлттæ, ссардзысты, сабыр цард æмæ хæдбардзинады сæраппонд йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны нæмттæ, семæ – сабырдзинадтауæг тыхты æфсæддонтæ. Бацархайдзысты, цæмæй адæмæн райдзаст бæрæгбон рауайа.

Ныр цъунайрæгтæн сæ сагъæс фылдæр царды æрвылбоны хъуыддæгтыл у. Æрмæджы авторæн ацы хъæуы уæды нывтæй, абонимæ абаргæйæ, йæ зæрдæ барухс: ногарæзт скъола, рæвдауæндон нымад сты республикæйы хуыздæртæй иуыл, спортивон залы æнтыстджынæй кусынц штангæ æмæ уæгъдибар хъæбысхæсты къордтæ. Мурман йæхæдæг дæр кæстæртæн амоны боксæй хæцын, хъæуы ис республикæйы нывгæнынады хуыздæр скъола, йæ хъомылгæнинæгтæ арæх свæййынц дунеон конкурсты уæлахиздзаутæ, сæ нывты равдыстытæ та бирæ фæсарæйнаг паддзахæдты арæзт æрцыдысты. Иу ныхасæй, Цъунары сабиты ахуыр кæнын æмæ рæзынæн ис хорз фадæттæ. Хъæуы ис дыргъдæттæ 250 кусæн бынатимæ, тыллæг æмбырд кæныны рæстæг та дзы фæкусы 400 адæймаджы. Цæрджытæ  кæм кусой, уый ис.

Хæдбардзинады фæдыл гæххæтт бафыссыныл хъуыддаг нæ банцад, фæстæдæр, 2008 азы 9 сентябры, Уæрæсе Хуссар Ирыстонимæ официалон æгъдауæй сфидар кодта ахастдзинæдтæ дыууæ паддзахады ‘хсæн. 17 сентябры та бафыстой Хæлардзинад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырд. 26-æм август ссис Хуссар Ирыстоны сæйрагдæр паддзахадон бæрæгбæттæй иу, республикæйы цæрджытæн у улæфты бон.

– Бузныг, хæдбар паддзахадыл нæ чи банымадта, уыдонæн. Тагъд рæстæджы нæ æгас дунейы дæр цы банымайой, нæ кæстæртæ сæ хистæртæй хуыздæр цы уой, нæ уарзон Ирыстон дидин цы кала, ахæм амонд нæ уæд! Бузныг «Рæстдзинад»-æн, адæмы хъуыдытæ рæгъмæ кæй хæссы, уымæй, – нæ хуссайраг æфсымæрты арфæйы ныхæстæ уæм хæццæ кæнынц нæ газеты кусджытæ.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here