Хъæды продукцийы фыццаг парти – Иранмæ

0
145

Хуссарирыстойнаг хъæдгуыстгæнæг куыстуат «Алания лес» йæхи цæттæ кæны хъæды продукцийы фыццаг парти Иранмæ арвитынмæ. Уый тыххæй «Рес»-æн фехъусын кодта йæ генералон директор Босыкты Владимир.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, куыстуаты продукцимæ се ‘ргом аздæхтой цалдæр егъау ирайнаг компанийы, уыдон архайынц ацы къабазы. Нырмæ уал сæ иуи-
мæ бафыстой бадзырд, Астраханы уылты cын ацы мæй хъæды продукци кæй арвитдзысты, уый тыххæй.

«Уымæй уæлдай, æнхъæлмæ кæсæм ирайнаг компанийы минæвар Хасан Сулейманы æрбацыдмæ. Йæ кусæг балцы рæстæг уый хатдзæгтæ скæндзæн нæ продукцийы хæрзхъæддзинадæй, нæ хъомысæй. Кæд хъуыддæгтæ зæрдæмæдзæугæ рауайой, уæд компани Хуссар Ирыстоны продукци балхæндзæн», – зæгъы «Алания лес»-ы генералон директор.

Ирайнаг компанитæй уæлдай хуссарирыстойнаг хъæды продукци балхæныны фæнд ис Турчы, Китайы, Азербайджаны, Узбекистаны алыхуызон компанитæм. Хуссарирыс-
тойнаг хъæдгуыстгæнæг куыстуатмæ æмгуыстады тыххæй æрхатыдысты Уæрæсейы хъæды æрмæджыты егъаудæр базарады фæзуат «Вудсток»-æй.

Босыкты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй базарады æргътæ  фæсарæйнаг компаниты минæвæртты æргом здахынц Хуссар Ирыстоны хъæды продукцимæ. «Мах уал ныридæгæн Азербайджанмæ арвыстам продукцийы хуызтæ, æнхъæлмæ кæсæм сæ дзуапмæ. Уыдон уал нæ æрцагуырдтой фитосанитарон сертификат, хъæдгуыстгæнæны цавæрдæр сусæгдзинæдтæ сæ фæнды базонын. Кæд æмæ æппæт уыдæттæ сæ зæрдæмæ фæцæуой, уæд нын не ‘ппæт продукци дæр балхæндзысты», – фæбæрæг кодта «Алания лес»-ы разамонæг.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, китайæгтæ дæр продукцимæ се ‘ргом здахынц, ныр уал иртасынц продукци Китаймæ æрвитыны логистикæ. Кæд æмæ бæрæггæнæнтæ нывыл разыной, уæд уал бафиддзысты продукцийы аргъы 30 проценты. Генералон директор куыд радзырдта, афтæмæй куыстуат кусы алы бон дæр, сабат дæр нымайгæйæ. Ныртæккæ дзы ис цæттæ продукци 14,5 милуан сомы аргъæн. Алы бон дæр лыггонд фæйнæг бацæттæ кæнынц 600-700 мин сомы аргъ.

Куыстуаты ис 60 адæймаджы, сæ мызд хæццæ кæны 57 мин соммæ. Фæзынд дзы ног ифтонггæрзтæ, æппæт Цæгат Кавказы хъæдгуыстгæнæнты ахæм ифтонгад никуы ис. Ног куыстуат æвзары рæстæгмæйы зындзинæдтæ дæр, йæ архайд нæдæр бю-
джетон у, нæдæр дотацион. Кусы йæхи фæрæзтæй. Цæмæй сæ архайд æнæ къуылымпытæй цæуа, уый тыххæй ВТБ банкæй райстой æфстау фæрæзтæ. Афтæмæй сæ зæрды ис сабыргай æппæт кондадон хъомысæй скусын.

 

Нæ уацхæсæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here