«Цыфæнды хорз хъуыддаджы дæр алкæддæр уыдзыстæм уæ фарсмæ»

0
132

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы æмбырд. Афæдзы дæргъы мæй иу хатт республикæйы районтæ бæрæг кæнгæйæ, ацы хатт депутаттæ кусæг балц акодтой Æрæфы районмæ.

Æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ йæ разныхасы фæбæрæг кодта бынæттон хиуынаффæ-йады дæсны архайд æмæ
республикæйы хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнтимæ йе ‘нгом бастдзинад.

2024 азы районы социалон-экономикон рæзты бæрæггæнæнтыл æмæ,
афæдзы дæргъы национ проекттæ куыд æххæстгонд цыдысты, уый фæдыл æмбырды раныхас кодта районы муниципалон сконды сæргълæууæджы хæдивæг Махъоты Сослан. Бюджеты бæрæггæнæнтыл ныхас кæнгæйæ, бафиппайдта, кæй рауад æфтиагджын: «Æфтиæгтæ сты 687, 103 мин сомы, хæрдзтæ та – 673, 454 мин сомы», – загъта Махъойы-фырт. Уый фæстæ бæстон æрныхас кодта æнæнидзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, цæрæнуатон-коммуналон, хъæууон хæдзарады, культурæйы, туризм æмæ æхсæнадон царды иннæ къабæзты афæдзы дæргъы районы цы ивддзинæдтæ æрцыд, ууыл.

Æнæмæнг æххæстгæнинаг чи у, районы уыцы фарстатæ дæр Махъоты Сослан ранымадта: «Районы центрон рынчындон у бындурон цалцæггæнинаг кæнæ та йын хъæуы ног бæстыхай саразын. Саразын хъæуы, сывæллæттæн, 120 бынаты кæм уыдзæн, Цыколайы ахæм рæвда-уæндон дæр. Уый тыххæй ныртæккæ цæттæ кæнæм проектон-хæрдзты гæххæттытæ», – загъта раныхасгæнæг. Рынчындоны нæй фаг специалисттæ, скъолаты дæр нæ фаг кæнынц хицæн предметты ахуыргæнджытæ, уæлдайдæр æрыгæттæ, æмæ уый дæр у сагъæссаг фарста.

Районы ахсджиаг фарс-татыл уыд йæ раныхас Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Остъаты Георгийæн дæр. «Районы фæндæгты 44 километры цалцæггонд кæд æрцыдысты, уæддæр ма се’мбисы бæрц нырыккон домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Алы аз дæр районы хуымзæххытæн сæ фылдæр ахсы нартхор, афтæмæй ивгæтыды уагæвæрдтæ хæлд цæуынц. «Афæдзы бюджет æфтиагджын кæд рауад, уæддæр ма æфтиæгтæ ноджы фыфылдæр кæнынæн гæнæнтæ ис», – загъта депутат. Хæстæгдæр дыууæ азы пълантыл ныхас кæнгæйæ, бафиппайдта, цалцæггонд кæй æрцæудзысты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады цалдæр объекты. Куыстыты аргъ уыдзæн 800 милуан сомæй фылдæр.

Социалон политикæйы фарстатæ районы куыд лыггонд цæуынц, ууыл ныхас кодта Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæ. Уый дæр йе ‘ргом аздæхта медицинæ æмæ ахуырады къабазы кусджыты кадавардзинадмæ. Куыд загъта, афтæмæй, районы скъолаты цы 259 ахуыргæнæджы ис, уыдонæн æрмæстдæр сæ 22 проценты сты, 40 азæй дæлæмæ кæуыл цæуы, ахæмтæ. «Ног рынчындон саразынæн хъæугæ гæххæтт фæхæццæ федералон оргæнтæм. Уымæй уæлдай, бындурон цалцæг домы Хæзныдоны амбулатори дæр», – загъта раныхасгæнæг.

Ивгъуыд аз депутаттæ, Æрæфы район бабæрæг кæнгæйæ, цы хатдзæгтæ æмæ уынаффæтæ рахастой, уыдон афæдзмæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, уый фæдыл уыд йæ раныхас Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Асланæн. Куыд загъта, афтæмæй сæ фылдæр район сæххæст кодта, фæлæ ма æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ баззад. «Паддзахадон æххуысы мадзæлттæй куыд пайдагонд цæуы, уыцы хъуыддаг домы бæрнон цæстдард. Районы нæй культурæ æмæ фæлладуадзæн парк, æмæ уымæ, стæй бюджетæн пълан кæныны хъуыддагмæ дæр хъæуы æркæсын», – дзырдта депутат.

Советы уæнгтæ ма равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст республикон закъонты проекттæ. Уыдон баст уыдысты культурон бынты объекттæ паддзахадон æгъдауæй бахъахъхъæнын æмæ сæ пайда кæныны уагæвæрдтимæ, респуб-ликæйы иуæй-иу закъонæвæрынадон акттæм ивддзинæдтæ бахæссын æмæ æндæр фарстатимæ. Раныхасгæнджытæ уыдыс-ты Парламенты Сæрдары хæдивæг Гутнаты Аслæнбег, наукæйы, ахуырады, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева æмæ аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Качараты Олег.

Уый фæстæ Тускъаты Таймуразæн уыд фембæлд районы амалхъом адæймæгтимæ. Архайдтой ма дзы Махъоты Сослан, районы Минæвæртты æмбырды сæрдар Гъуцъунаты Хъазыбег, Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимур, депутаттæ Качараты Олег æмæ Махъоты Хетæг. Фембæлды архайджыты ‘хсæн цы ныхас бацайдагъ, уый рабæрæг кодта чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады тыхстаг фарстатæ. Сæ фарстытæ лæвæрдтой: турбаза «Дзинагъа»-йы генералон директор Перисаты Алыксандр, глэмпинг «Высоцкий»-йы директор Хъыбызты Алексей, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Æрæфы хуыйæн фабрикæйы» директор Таухъазахты Ирбег æмæ иннæтæ. Гранттæ æмæ субсидитæ дæттыны уагæвæрдтæ, сæрмагонд æфсæддон операцийæ чи сыздæхт æмæ ныр амалхъомадон куыст кæнын фæнд чи кæны, уыдонæн паддзахадон æххуысы мадзæлттæ, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадыл æвæрд хъалонтæ фæкъаддæр кæнын, туризм цæмæй рапарахат уа, уыимæ, Æрæфы районы алæмæты æрдзæн знаггад куыд нæ хæсса – амалхъом адæймæгты ацы æмæ æндæр фарстытæн Парламенты Сæрдар лæвæрдта
бæстон дзуаппытæ. Тускъаты Таймураз сын арфæ ракодта, сæ дæсныдзинад æмæ фæлтæрддзинады фæрцы районы ахсджиаг хъуыддæгтæй сæхи иуварс кæй нæ кæнынц, фæлæ сæ лыг кæныныл кæй арха-йынц, уый фæдыл.

Уыцы бон ма Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта, «Хъæууон фæзуæтты иумæйаг райрæзт»-ы паддзахадон программæйы фæрцы Лескенмæ бацæуæны цæрджытæн цы ног фæлладуадзæн бынат арæзт æрцыд, уый æмæ Лескены Культурæйы
хæдзары нырыккон уавæртимæ библиотекæ.

Кæронбæттæны Парламенты Сæрдар дзуаппытæ ратта журналистты
фарстытæн æмæ йæ кусæг балцæн хатдзæгтæ скодта.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here