Не ‘мзæххонтæ фесгуыхтысты

0
133

Лæгдзинад равдисынæн нæ царды алкæддæр бынат кæй ис, уымæн æвдисæн, æрæджы Мæскуыйы не ‘мзæххонтæ Сарахъаты Витали æмæ Хъараты Тигран цы æхсар равдыстой, уый. Хъуыддаг та рауад афтæ. Лæппутæ къорд азы цæрынц æмæ кусынц нæ Райгуырæн бæстæйы сæйраг горæты арæзтадон къабазы, хæдзæртты æддаг фæрстæ цалцæг кæнынц.

Участокы хицау Сарахъаты Витали æмæ Хъараты Тигран кæм куыстой, уыцы Аразджыты уынджы хæдзæрттæй иуы фыццаг уæладзыджы зынг куы сирвæзт, уæд дзы паникæ райдыдта, адæм ссæргой сты, йæ ныфс ничи хаста æххуысмæ фæтагъд кæнын. Пиллон арты æвзæгтæ æмæ дзы бæзджын фæздæджы къуыбылæйттæ куы ракалд, уæд сахъ ирон лæппутæ æдæрсгæйæ фæмидæг сты судзгæ агъуыст-
мæ, кæд дзы удæн тынг тæссаг уыд, уæддæр.

Витали куыд зæгъы, афтæмæй фыццаг бæрæг дæр нæ уыд, кæцы фатер ссыгъд, уый. Ссардтой зынгхуыссынгæнæн щит æмæ йæ рафтыдтой. Судзгæ агъуыстæй æдас ранмæ ракодтой сылгоймаг æмæ сывæллоны, стæй дыууæ куыдзы, æххуыс сын кодтой, семæ Таджикистанæй цы граждæнтæ куыста, уыдон дæр, ведраты дон скъæфтой. Иу заман арт ныххуыссыд, фæлæ та гыццыл рæстæджы фæс-
тæ ног тыхтимæ зынг слæвæрдта æмæ ноджы тынгдæр ссыгъд. Бирæ хъарутæ бахардз кодтой лæппутæ артыл фæуæлахиз уæвыны тыххæй. Уæдмæ Æнæнхъæлæджы цауты министрады хæдтулгæ дæр фæзынд.

Фæстæдæр куыд сбæрæг, афтæмæй зынгсирвæзты аххос уыд, дзаумæттæ æхсæн машинæйы цыбыр бахгæд (замыкание).

Сæ лæгдзинадæн сын аккаг аргъ скодтой – сылгоймаг æмæ сывæллоны кæй фервæзын кодтой, уый тыххæй Сарахъаты Витали æмæ Хъараты Тигранæн, стæй сæ таджикаг æмкусджытæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы цауты министрады Арфæйы фыстæджытæ.

Ирыстоныл айхъуыст нæ лæппуты лæгдзинад, кæд сæ чысыл райгуырæн бæс-
тæйæ дард сты, цардæн фæрæзтæ æндæр ран амал кæнынц, уæддæр ирон лæджы ном сæрыстырæй хæссынц.

 

 БУТАТЫ Азæмæт

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here