Æрвылаз дæр Алагиры районы пъæлицæйы хайады кусджытæ 1 октябры зæрдиаг арфæтæ ракæнынц, мидхъуыддæгты министрады бирæ азты чи фæкуыста, уыцы ветерантæн Ацæргæ адæмы дунеон боны фæдыл.
Ныр дæр та ивгъуыд æртыццæджы районы барадхъахъхъæнæг оргæнты ветеранты советы сæрдар, отставкæйы пъæлицæйы булкъон Бицъоты Олег йе ’мкусджытимæ бабæрæг кодтой 84-аздзыд милицæйы майор Баситы Петры, уый цæры Алагиры. Бирæ азты дæргъы Петр фæкуыста уголовон агуырды, сæрмагонд комендатурæ æмæ радхæссæг хайады, бахаста йе стыр хай барадхъахъхъæныны фарстатæ æмбæлгæ хуызы лыг кæнынмæ.
Ветеран тынг фæцин кодта уазджытыл. Районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ æмæ ветеранты номæй Бицъоты Олег, пъæлицæйы лейтенант Кæсæбиты Тамарæ æмæ инспектор Бæззаты Мæдинæ зæрдиаг арфæтæ ракодтой Петрæн йæ бирæ азты бæрнон куысты тыххæй, загътой, йæ профессион æмæ царды фæлтæрддзинад, йæ бирæ зонындзинæдтæ хайады æрыгон кусджытæн дæр аккаг дæнцæг кæй сты. Ветеранæн ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор














