Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæдзинады центртæ

0
97

Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы хъæууон районты хæстæгдæр рæстæг кусын райдайдзысты Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæгæнæн центртæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй ахæм структурæтæ Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт байгом сты 2024 азы регионы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ амынддзинадмæ гæсгæ.

Уый тыххæй фехъусын кодта Ахуырад æмæ наукæйы
республикон министрады пресс-службæ.

Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуы ахæм центртæ кусдзысты 11-, 26– æмæ 42-æм скъолаты, иннæтæ та æрбынæттон уыдзысты районты ахуырадон кусæндæтты (æдæппæт уыдзысты 12 центры).

«Уыцы центрты ахуыртæ райдайдзысты 2025 азы ноябры æмæ цæудзысты 2026 азы майы онг. Уым алкæцы скъоладзауæн дæр уыдзæн Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ (физикæйæ, информатикæйæ, уырыссаг æвзагæй, математикæйæ, æхсæнадзонынадæй, историйæ, хими æмæ биологийæ) йæхи бацæттæ кæныны фадат. Уыимæ, æппæт ахуыртæ дæр уыдзысты лæвар. Фарон куыд уыд, афтæ ныр дæр центрты кусдзысты æрмæстдæр уæлдæр æмæ фыццаг къорды ахуыргæнджытæ», – радзырдтой министрады.

Пресс-службæйы минæвар сæрмагондæй фæбæрæг кодта, цæттæгæнæн центрты бынæттæ æвзаргæйæ, хыгъд æрцыд ахæм æууæл – дæрддзæф хъæуты скъоладзаутæн дæр хъуамæ уа транспортон бастдзинады фæрцы ахуыртæм æнцонæй сæмбæлыны фадат.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here