РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав кусæг фембæлд сарæзта Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз æмæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы министр СОХЪУЫРТЫ Альбертимæ. Ныхас цыд, цæрджыты æдзæллаг цæрæнуæттæй ног хæдзæрттæм раивыны программæ куыд æххæстгонд цæуы, ууыл, стæй бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбонады бындурон цалцæджы тыххæй.
Битарты Вячеслав зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, ацы аз 1 сентябры онг программæйы фæлгæты хъуамæ хæдзæртты арæзтад фæуа, æмæ цæрджытæ райсдзысты ног фатертæ. Программæ куыд æххæстгонд цæуы, уымæ йæ цæст дары Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз. Бæрæггонд æрцыд, хæдзæртты арæзтад Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты куыд цæуы, уый. Афтæ ма Тускъайыфырт кусæг балцы уыд Мæздæджы районы, уавæр куыд у, уый базоныны æмæ хъæугæ уынаффæтæ рахæссыны тыххæй. Министр Сохъуырты Альберт радзырдта, бындурон цалцæджы программæ æххæст кæнгæйæ, цавæр зындзинæдтæ фæзыны, уыдоны тыххæй. — Абоны онг 2015 азы нысангонд хæдзæрттæй цалцæггонд æрцыд 15 хæдзары, 9 хæдзары цалцæг та ныр райдыдта. Уымæй уæлдай конкурстæ арæзт æрцыдысты 8 объектæн, æнæцалцæггондæй баззадысты 10 хæдзары. Ацы бирæуæладзыгон хæдзæртты бындурон цалцæг дарддæрмæ æргъæвд æрцыд, цæрджытæ программæмæ гæсгæ кæй нæ фидынц, уый тыххæй, — загъта уый. Сохъуыры-фырт ма куыд бацамыдта, афтæмæй бындурон цалцæджы тыххæй æппæтæй æвзæрдæр фидынц Беслæны æмæ Алагиры. Министрæн хæсгонд æрцыд, цæмæй арæзт æрцæуой хæдзæртты цæрджыты æмбырдтæ. Æмæ сын бамбарын кæной бындурон цалцæджы мидис, цæрæнуæтты хицæуттæн бацамонын хъæуы финансон, организацион æмæ æндæр фарстатæ. Уымæй уæлдай Битарты Вячеслав Хицауады Сæрдар æмæ къабазы министрæн бахæс кодта иудадзыг арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстыты хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын, стæй, аразджытæ алыхуызон куыстыты графиктæ куыд æххæст кæнынц, уый дæр.














