Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн цыд инсценировкæты хуызы æвдыст уацмысты 1-аг республикон æркаст «Аивады уидæгтæ». Уый Ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ Сывæллæтты сфæлдыстады галуанæн у ноггуырды хуызæн. Ома, арæзт æрцыд фыццаг хатт, фæлæ йыл зæрдæбынæй чи бакуыста, уыцы ахуыргæнæг-методист ХАБÆТЫ Риммæ куыд загъта, афтæмæй суыдзæн æрвылазон.
Ацы аз Уæрæсейы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, нымад у Экологийы азыл, æмæ уымæ гæсгæ æркасты тематикæ дæр баст уыд æрдз, æрдзхъахъхъæнынадимæ, уымæн æмæ уый у нæ ныййарæг, нæ дарæг, æмæ йæ куы нæ хъахъхъæнæм, уæд, мæнæ бæласыл цы къалиуыл бадай, уый куыд лыг кæнай, уымæй уæлдай нæу. Æркастмæ æрбацæуджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой жюрийы уæнгтæ Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директоры хæдивæг Калоты Тамарæ æмæ газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг Касаты Аслæнбег. Æркасты сæхи хорзæй равдыстой Хабæты Риммæйы хъомылгæнинæгтæ. Равдыстой сценикон ныв «Æрдз — нæ дарæг». Зæрдæмæдзæугæ уыд Джызæлы 2-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзауты дæсныдзинад, сæ разамонæг Æлбегаты Ларисæ. Джызæлы фæсивæд аивадмæ рагæй дæр æвзыгъд сты æмæ, кæстæртæ сæ хистæрты фарнæй кæй фæхайджын сты, уый бæрæг уыд ам дæр. Фæсте нæ баззадысты Æрыдоны районы Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары ахуырдзаутæ дæр, сæ разамонæг Тыбылаты Фатимæ. Уыдон равдыстой Гæдиаты Цомахъы уацмыс «Дыууæ дидинæджы» сценикон ныв. Беслæны 6-æм астæуккаг скъолайы, Дзæуджыхъæуы 42-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ дæр къæмдзæстыгæй нæ баззадысты. Хæрзты ‘хсæн хуыздæртæ вæййы алы хатт, уый та равзардзысты жюрийы уæнгтæ. Ацы бæрæгбонмæ æрбацæуджыты зæрдæтæ сæ рæсугъд аивадæй барухс кодтой Галуаны фæндырдзæгъдджыты къорд «Хæхты зæлтæ», сæ разамонæг Пухаты Ларисæ, Галуаны вокалон студи «Арвæрдын»-ы ахуыргæнинаг Цъæритты Аннæ, йæ разамонæг Иннæ Багдасарова æмæ иннæтæ.
Хатдзæгтæ:
Республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады галуан – 3 бынат
Разамонæг: Хабæты Риммæ
Æрæфы районы сывæллæтты сфæлдыстады хæдзар – 3 бынат
Разамонæг: Течиты Альбинæ
Дзæуджыхъæуы эстетикон хъомылады центр «Сфæлдыстад» 2 бынат
Разамонæг: Танделаты Розæ
Рахизфарсы районы сывæллæтты уæлæмхасæн ахуырады центр – 2 бынат
Разамонæг: Калманты Этери
Джызæлы хъæуы 2-æм астæуккаг скъола – 1 бынат
Разамонæг: Æлбегаты Ларисæ
АБАЙТЫ Эдуард














