Боны фæткы – социалон-экономикон нывылады фарстатæ

0
154

РЦИ-Аланийы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барисы разамындæй уыд Хицауады радон æмбырд. Уым ныхас рауад ахуырады къабазы дарддæры райрæзтыл, регионалон бюджетмæ бахæссинаг ивддзинæдтыл, амалхъомадон компанитæн льготон
æфстæуттæ дæттыныл, стæй республикæйы æрвылбоны царды æндæр фарстатыл.

Зындгонд куыд у, афтæмæй республикæ кусы национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы уагæвæрдтыл. Уыцы проекты фæрцы хæстæгдæр азты республикæйы 170 ахуырадон кусæндоны предметон кабинетты хъуамæ æвæрд æрцæуой нырыккон техникон фæрæзтæ. Ахæм пълантæ æххæст кæнынæн федералон бюджетæй республикæйæн нысангонд цæуы сæрмагонд субсиди. Хицауады уæнгтæ сбæлвырд кодтой, уыцы федералон финансон æххуыс куыд хардзгонд цæу-
дзæн, уый фæтк. Уыимæ, ацы куыст æххæстгонд цæудзæн æмæфсисады фæткы бындурыл, ома, регион дæр хи фæрæзтæ радих кæндзæн ахуырадон ифтонггæрзтæ æлхæнынæн. Уый фæдыл Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой уынаффæ.

Финансты министрады бавдыстæй æмбырды архайджытæ æрдзырдтой республикон бюджетмæ иуæй-иу ивддзинæдтæ бахæссыны фарстайыл дæр. Уый фæдыл хицауадон уынаффæйы проекты куыд загъд уыд, афтæмæй уæлæмхасæн фæрæзтæ радих кæныны фадат ис бюджеты социалон статьятæ æххæст кæнынæн æмæ ахсджиагдæр инфраструктурон проекттæ царды уадзынæн. Уыцы нысантæн дихгонд æр-
цæудзæн 2 миллиард сомæй фылдæр. Уый къухы бафтыд, республикон бюджеты хи æфтиæгтæ кæй фæфылдæр сты, стæй, федералон центр дæр регионæн уæлæмхасæн финансон æххуыс кæй радих кодта, уый фæрцы. Хицауады уæнгтæ амынд ивддзинæдты тыххæй уынаффæ сфидар кодтой.

 

Министртæ æркастысты амалхъомадон компанитæн льготон кредиттæ дæттыны хъуыддагмæ дæр. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй регион уæрæх пайда кæны амалхъомадон архайды райрæзтæн ахъазгæнæг экономикон-финансон мадзæлттæй. Уыдоны нымæцы – паддзахадон æфстæуттæ æмæ æндæр финансон зæрдæдарæнтæ дæр.

– Фæстаг цалдæр азы дæргъы амалхъомадон компанитæн лæвæрд æрцыд 950 кредитæй фылдæр (сæ иумæйаг бæрц – 1 миллиард сомы бæрц). Бизнесы дарддæры райрæзтыл кусгæйæ, архайд цæуы аудынады федералон æмæ регионалон программæты фæрцы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы мадзæлттæ комкоммæ ахадынц ног кусæн бынæттæ гом кæныныл, бюджеты æфтиæгты рæзтыл. Уыцы нысантыл дарддæр дæр архайд
цæудзæн, æппæт фæрæзтæй хæдзардзинæй пайда кæнгæйæ, – загъта Хицауады Сæрдар.

Хицауады уæнгтæ се ’ргом аздæхтой кадрты фарстамæ дæр. Афтæ, сæ раздæры бæнæттæм ног æмгъуыдмæ нысангонд æрцыдысты ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Мæхъиты Людмилæ æмæ Адæмæн куыст дæттыны комитеты сæрдары хæдивæг Эллæ Авакова. Фæллой æмæ социалон рæзты министры фыццаг хæдивæгæй снысан кодтой Маматы Анджелæйы, Транспорты комитеты сæрдары хæдивæгæй та – Хъараты Зауыры.

Æмбырды архайджытæ сфидар кодтой æндæр уынаффæтæ дæр.

СЛАНТЫ Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here